Дихгæнæг хаххмæ ввахс уæвæг хъæу Хъелкцеулы онг ног асфалтфæндаг
аразынц.
Куыстытæ 1,5 километры фадыгыл арæзт цæуынц.
Гамгеобайы пресс-службæйы информацимæ гæсгæ, Хъелкцеулы 30 азы
дæргъы, фæндаджы уæлцъары реабилитаци арæзт нæ уыд.
Ныртæккæ, асфалтгонд фæндаджы уæлцъары реабилитаци уагъд æрцыд
Скрайы хъæуы 400 м фадыгыл æмæ Рехайы хъæуы 250 метрыл.
Фæцис Гуры муниципалитеты 8 хъæуы фæндаджы уæрмыты сраст кæнын
дæр.
Куыстытæ бынæттон бюджетæй финансгонд уыдысты.