Ног хабæрттæ
Рагацау информацийæ, Каралеты лигъдæтты цæрæнуаты иу сыхы æвзæрстыты Басишвили Бадри рамбылдта
Каралеты лигъдæтты цæрæнуаты иу сыхы æвзæрстыты Басишвили Бадри рамбылдта.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн фехъусын кодтой кандидаты æвзарæн штабæй.

Штабы минæвары бæрæггæнæнтæм гæсгæ, «Иууон националон змæлды» кандидат Басишвили Бадри 184 хъæлæс райста, фæлæ «Гуырдзиаг бæллиццы» минæвар Хубулури Темур та 162 хъæлæс.

Банысангонд цæрæнуаты 1221 æвзарæг ис регистрацигонд.

Скърайы лигъдæтты цæрæнуатмæ та цы хауы, ам Басишвили æмæ Хубулури хъæлæсты адих кодтой 66/66.

Скърайы цæрæнуаты 198 æвзарæг ис регистрацигонд.
Print