Бершуеты хъæумæ ввахс уæвæг зæххытыл ног цъай арæзт цæуы. æ
Ацы куыстытæн æвæццæгæн бахъæудзæн 27 954 ларимæ ввахс, кæцы бирæ
асламдæр лæууы, хъæуы иумæйаг пайдакæнынæн хъæугæ цъайы æргъадæй
(50-60 мин лари).
Куыд Шида Картлийы информацион центр сбæрæг кодта, нуазыны доны ног
системæ 10 хæдзары бинонтæн райдайæн бизнесхъуыддагæн къухарæзты
нысанæй арæзт цæуы.
Территори ныридæгæн æвзæрст у æмæ уый бынæттон цæрæг Цъикълаури
Ильяйы зæххы фадыг у.
Шида Картлийы информацион центры бæрæггæнæнмæ гæсгæ индивидуалон
амалиуæгдар «Чъинчъараули Габриелы» æрцæттæгонд хатдзæгмæ гæсгæйæ,
цъай 10 хæдзары бинонтæн иумæйаг бизнесы райдайынæн хъæуы.
Хатдзæджы кæсæм:
«Бершуеты хъæуы цæрæг 10 хæдзары бинонты иумæйагон бизнесы хъуыддаг
райдайынæн баиугонд къорды директоры Цъикълаури И. æмæ гидрогеолог
Чъинчъараули Г.-йы æмхайадистæй уагъд æрцыд Цъикълаури И.-йы зæххы
фадыджы визуалон бæрæгдзинад.
Нысанæмраст сæм фæкаст цъай арæзт æрцыдаид банысангонд зæххы
фадыджы цæгатон хайыл, цыран цъайæ райсгæ донæй спайда кæнын
æнцондæр уыдзæн».