Гостибейы курортмæ бацæуæн 14,5 километрон фæндаджы фадыгы арæзтад
тендеры фæуæлахизуæвæг компани «Арæзтадон-монтажон эксплуатацион
амалиуæгад Челябинск-трансигнал» ныридæгæн райдыдта.
Фæндаджы куыстытæ Къаспы муниципалитеты уагдоны хистæр,
Гочитъашвили Гоча бабæрæг кодта.
Гостибе Цхавермæ иугæнæг фæндаджы реабилитацийы куыстыты æргъад у
625 525 ларийы æмæ «Бæрзондхæххон цæрæнуæтты рæзынады фондæй»
финансгонд æрцыдис.
Гостибе Къаспы муниципалитеты, Ахалкалакы темы, Триалеты рагъы
цæгат хæхрæбыны ис, цæугæдон гостибе доны былтыл; денджызы
æмвæзадæй 1550 метры онг.
Цæрæнуатæн хъæуы статус фæстæмæ раздæхт 1980 азы 11-æм сентябры.
Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгйæ хъæуы цæры 45 адæймаджы.