Ног хабæрттæ
Цхинвалы хицауад дихгæнæг хаххы цур арты сирвæзты факты протест кæны
Цхинвалы дэфакто хицауады минæвар Санахъоты Давит дихгæнæг хаххы цур арты сирвæзты фактты спротест кодта.
Уый ныхасмæ гæсгæйæ, хус кæрдæгыл арт схæцыди Гуырдзыстоны хицауады юрисдикцийы бын уæвæг территорийы ‘рдыгæй.

Ай фæдыл Санахъоты Давит Эргнеты 71-æм фембæлдыл æрныхас кодта, кæцы инцидентты
превенцийы æмæ уыдоныл реагир кæныны механизмы фæлгæтты Евроцæдисы хъусдарæгон миссийы æххуысæй уагъд æрцыдис.

Санахъоты Давит ма ноджы иу хатт æрдомдта а. х. бордеризаци. Кæнæ та дихгæнæг хаххыл арæнон нысæнтты сæвæрын. Уый йæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрцахсыны фактытæ фæкъаддæр кæндзæнис.

Гуырдзыстоны хицауад та, а. х. арæны бордеризацийæн категорионæй йæ ныхмæ у, уымæн æмæ æнæуи дæр æнæзакъонæй æвæрд сындзджын телтæ æмæ æмбæндтæ бынæттон цæрджы¬тæн барьертæ аразы.

Евроцæдисы хъусдарæгон миссийы официалон курдиаты нысангонд ис, цæмæй фæрстæ кæй баныхас кодтой дихгæнæг хаххы цур патрулироват кæныны фæдыл.

Инцидентты превенцийы æмæ сыл реагир кæныны механизмы радон фембæлд уагъд æрцæудзæнис 30-æм ноябры.


Print