Ног хабæрттæ
Шаушвебы дыууæ азы размæ арæзт цъай нæ кусы
15:16 / 02.11.2016
Гуры муниципалитеты Шаушвебы хъæуы цъай нæ кусы.
Дыууæ азы дæргъы ног конструкци æнæкусгæ лæууы афтæ.
Куыстытæ 2014 азы Гуры муниципалитеты гамгеоба райдыдта. Сæйраг конструкци арæзт æрцыд, фæлæ иннæ куыстытæ æххæстгонд не рцыдысты.