Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Нозадзе Юри æмæ
хъæууон-хæдзарады зонадон-иртасæг центры директор Уджмаджуридзе
Леуан куысты визитæй Испанийы хъæууон хæдзарады, хæлцады æмæ
технологийы иртасæн институты уыдысты.
Гуырдзиаг делегацийы уæнгтæ институты зонадон центырты,
департаментты æмæ лабораториты цæугæ зонадон-иртасæн куыстыты
тыххæй информацимæ байхъуыстой.
«Испанийы хъæууон хæдзарады, хæлцады æмæ технологийы иртасæн
институт аграрон æрдæмадæй иуæй-иу раздзог уагдон у. Нысаниуæгджын
у, цæмæй институты къухдариуæгадимæ фембæлды рæстæджы æркастыстæм
æмгуыстады перспективæтæм ахæм æрдæмадæй, цахæмтæ сты: зайæгойты
æмæ цæрæгойты генетикон ресурсты хъахъхъæнынад, дарыны куыст,
ветеринарон, бæрзонд рискы ивæг низты иумæйагæй иртасын,
биотехнологи æмæ экстанци», - банысан кодта хъæууон хæдзарады
зонадон-иртасæг центры директор Уджмаджуридзе Леуан.
Хъæууон хæдзарады министры хæдивæг, Нозадзе Юрийы курдиатæй,
испаниаг æххуысæй, гуырдзиаг æвзонг зонадон кусджытæ Испанийы
зонадон-иртасæн центры уæвæг ахуыргæнæн программæты хайад
райсдзысты.
Куысты визиты фæлгæтты, хъæууон хæдзарады министры хæдивæг æмæ
зонадон-иртасæг центры директор испаниаг компанийы (Dе гъаза
IБерицо) хуыты фермæты, фосы æргæвдæн æмæ компанийы сæрмагонд
фыдызгъæлы цæттæгæнæн нырыккон типы егъау куыстуатон комплексты
бабæрæг кодтой. Фæнысан кæнын хъæуы уый, цæмæй испаниаг компани Dе
гъаза IБерицо Гуырдзыстоны, хъæууон хæдзарады зонадон-иртасæг
центры æмæ Гуырдзыстоны партниорон фондимæ иумæ, къахеттаг хуы
дарæн фермæйы скæныны проекты аразы.
Фембæлд уагъд æрцыд фосы фыдызгъæлы егъаудæр продуктдæттæг
компаниимæ (Gрупо Nортенос), кæцы Гуырдзыстоны фыдызгъæл цæттæгæнæн
фермæйы аразын фæнд кæны.
Гуырдзиаг делегацийы уæнгтæ, хъæрмуæтты кондадон компанийы (Gрупо
Iнтацо) къухдариуæгадимæ ауагъд фембæлдыл, Цъхъалтубойы
муниципалитеты халсæртты культурæты æхгæд зæххы уæлцъарыл æрзайын
кæнынæн нырыккон типы демонстрацион хъæрмуаты саразыны фастытæм
æркастысты. Компани Gрупо Iнтацо, иртасæн центримæ иумæ,
демонстрацион хъæрмуаты саразын Цъхъалтубойы фидæн азæй план
кæны.