Ног проекты фæлгæтмæ гæсгæйæ, æппæт бæстæйы масштабæй, полицæйы
рдыгæй развæлгъау сбæрæггонд бынæтты, видеоаналитикон программæтæй
ифтонггонд а. х. «Зæндджын камерæтæ» монтажгонд æрцæудзысты.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн мидхъуыддæгты
министрадæй фехъусын кодтой.
Минстрады пресс-куыстуаты бæрæггæнæнæй, мидхъуыддæгты министрады
иууон хызы æмæ иумæйагон операциты центры рдыгæй видеоаналитикон
программæты спайда-гæнгæйæ нысангонд камерæтæй иудадзыг мониторинг
æххæстгонд цæудзæнис.
Ацы нысанæй, мидхъуыддæгты министрады иумæйагон операциты центры
æмкусджытæ, Гуырдзыстоны регионты бынæттон муниципалитеты
разамонджытимæ консултацион фембæлдтытæ ауагътой. Фембæлдтыл фæрстæ
проекты сæххæст кæныны процесы сæхи фæрæздзинæдтæм æркастысты æмæ
иумæйагон мадзæлты ауадзыныл баныхас кодтой.
Проекты ном хуыйны – «Æдас горæт, æдас регион, æдас бæстæ».
Уый мидхъуыддæгты министрады, Мгъебришвили Георгийы инициативæй,
фыдракæнды превенцийы, æрцæугæ фыдракæндыл оперативон реагир кæнын,
административон барсæттыны рабæрæг кæнын æмæ не руадзын, афтæ ма,
транспортон колонæтæн разамынд кæнын æмæ æнæфæцудгæ бавдыстыты
æрцагурын ифтонг кæнын, райдыдта.
Проекты нысан у полицæйы куысты бæрзонд технологиты ролы сырæзын
кæнын æмæ фыдракæнды превенцийы фæхуыздæр кæнын. Проекты
мидхъуыддæгты министрады иумæйагон операциты центр æххæст кæны,
кæцы 2016 азы 4-æм октябры байгом æмæ мидхъуыддæгты министрады
технологиты централизацигонд хабы æвдисы.
Ацы проекты æххæст кæнынæн мидхъуыддæгты министрад стыр ахсджиаг
нысаниуæг дæтты бынæттон хæдхицауиуæг органты хайад исынæн.
Банысангонд проекты æххуысæй, æппæт бæстæйы масштабæй, реалон
рæстæджы æрцæудзæнис фыдракæндыл æмæ барсæттæнтыл рæвдз реагирад
æмæ йæ превенци, цæрджыты æхсæн сырæздзæнис æдасдзинады æмæ
хъахъхъæды гъæд, бæрæгæй фæкъаддæр уыдзæнис транспортон цауты
фæстиуæгæн амæлджыты æмæ цæфты нымæц, сбæрзонд уыдзæнис полицæйы
куысты эфективондзинад æмæ фæдагуырды гъæд