Шида Картлийы 30 лигъдон бинонтæн хъæууон хæдзарадон техникæ
радтой.
Адон уыцы адæймæгтæ сты, кæцытæ дæргъвæтин æмгъуыдон цæрæнуаты
программæйы фæлгæтты æндæр æмæ æндæр хъæуты цæрæн хæдзæрттæ
райстой.
«Хъæуы хæдзары» проекты хайадисджытæ Гуры, Карелы æмæ Къаспы
муниципалитеты цæрынц.
Уыдонæн мотоблоктæ æмæ æндæр машинæ-станокты лигъдæтты министры
фыццаг хæдивæг Гиоргадзе Григол радта.
Бенефициартæ конкурсы фæстиуæгмæ гæсгæ æвзæрст æрцыдысты. Грантон
конкурс лигъдæтты министрад, ацы азы, Гуырдзыстоны архайæг
æнæхицауадон организацитæн расидтис.
Шида Картлийы регионы конкурсы æнæхицауадон организаци «Регионы
рæзынад фидæны Гуырдзыстоны» (ГъDFG) фæуæлахиз æмæ проекты –
«Цæрыны уавæрты рæзынад Шида Картлийы лигъдон цæрджытæн» æххæст
кæнын ацы азы июны мæйæ райдыдта.
Мотоблокты æмæ хъæууон хæдзарады машинæ-станокты проекты бюджет 37
500 ларийы бæрц у.
Проектмæ гæсгæйæ уыд бенефициарты 30%-он æмхайадистæй иннæ
инициативты фарс хæцын:
• Хъæууон-хæдзарадон инициативтæ;
• Хъæууон-хæдзарадон кусæнгæрзты æмбырдон;
• Хъæууон-хæдзарадон техникæ/механизаци;
• Хæдкуыстадыл ориентацигонд социалон инициативтæ.
Грантон программæйы техникон фарс хæцынæн акцион æхсæнады юридикон
гоймаг (аæюг) – лигъдæтты цæрыны уавæртæй сифтонг кæныны агентад
æххæст кодта.