Ног хабæрттæ
Ассоциаци «Разыдзинады» уæнгтæ Къошкъайы хъæуы фæзуат сцъæх кодтой
Гуры муниципалитеты Къошкъайы хъæуы фæзуаты ног талатæ ныссагътой.

Акци уагъд æрцыд ассоциаци «Разыдзинад»- ы уæнгты организацийæ.

Проекты фæлгæтты, талаты ныссагъдимæ иумæ, æрбадæн бандæттæ саразын дæр финансгонд æрцыд.

Талаты ныссадзын æмæ фæзуаты æрбæстон кæныны хайад райстой куыд организацийы активисттæ, афтæ, Мереты темы гамгебели Тухарели Шамил æмæ хъæуы цæрджытæ дæр.

«Ноджы ма иу хорз хъуыддаг арæзт æрцыд хъæуы пайдайæн», – зæгъынц «Разыдзинады» уæнгтæ.

Къошкъа дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæу у.



Print