Гуры муниципалитеты Шаушвебы хъæуы цæрджытæ телефонон гæнахы æндæр
ранмæ рахæссын домынц.
Ай фæдыл бынæттон цæрджытæ Шида Картлийы информацион центры
журналисттæн фехъусын кодтой.
Тагвиашвили Этеры ныхасмæ гæсгæ, электро магнитон тынтæ нормæйæ
фылдæр сты, кæцы æрмæст адæймаджы æнæниздзинадæн нæ зиан кæны,
фæлæ-ма хæдзарон цæрæгойты физологион уавæры дæр ивы.
Сæрмагондæй, хъæуы цæрæг адæймæгтæ æндæр æмæ æндæр низтæй хъаст
кæнынц, æмæ хæдзарон цæрæгойты хсæн та аномалион фæзындтæ сарæх
сты.
Ноджы фылдæрдæр, Кикашвили Маринæйы ныхасæй, телефонон гæнахмæ
ввахс тер-рито¬рийæ мыдыбындз дæр йæ бынатæй фæтахтис.
Шаушвебы территорион темы, муниципалитеты гамгебелийы минæвар,
Тваури Маринæ зæгъы, цæмæй нысангонд фактмæ гæсгæйæ, бынæттон
цæрджытæ претензитæ нырмæ æргомæй никуы загътой.