Дихгæнæг хаххмæ ввахс Фæзы хъæуы нуазæн доны хæлд трубæ ивд
æрцæудзæнис.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн хъæуы цæрджытæ фехъусын
кодтой.
Уыдоны ныхасмæ гæсгæйæ, иуыл æввахсдæр рæстæджы куыстытæ кæронмæ
ахæццæ уыдзысты æмæ хъæуы цæрæг адæмæн дон уыдзæнис.
Куыстытæ компани «Къаспы фæндагон» æххæст кæны æмæ банысангонд
лæггады тыххæй 4500 ларийы бæрц райсдзæнис.
Уымæй дарддæр ма, ацы компани Квемо Чъаламæ бацæуæн фæндаг дæр
бацалцæг кæндзæнис, кæцы уæлæмхасæй 19 мин ларийы слæудзæнис.