Дихгæнæг хаххмæ ввахс Твауриты хъæуы 85 аздзыд Тваури Сиренæ
цæры.
Уый ацы рдыгæй хъæуты номдзыд хуыйæгæй уыд зындгонд.
Ныртæккæ ма, хуыйæн машинæйæ стæм хатт пайда кæны, тынг ыл
ауды.
Хъæуы цæрæг сылгоймæгтæ иу къабатæ хуыйынмæ арæх цыдысты уымæ.
Тваури Сиренæ йе ‘фсымæры хъæбулы хæдзары цæры. Моймæдзыд никуы
уыдис æмæ хæдзарон куыстыты йе ‘фсымæры хъæбулы бинонтæн абон дæр
активонæй æххуыс кæны.
Сабибонты æмæ æвзонджы бонты сахуыргонд зарджытæ абон дæр йæ зæрдыл
лæууынц.