Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья дыккаг Уæрæсейы Патриарх
Кирилл дыккагæн йæ гуырæнбоны 70 азы цытæн арфæ кæны.
Илья дыккаг Уæрæсейы растцытгæнæг аргъуаны раздзоджы юбилеймæ
ныццыд. Кириллы тыххæй арæзт курдиаты Гуырдзыстоны Патриархон
парахат кæны.
Гуырдзиаг растцытгæнæг аргъуаны Уæрæсейы аргъуаны позицийæн аргъ
кæны, кæцы Гуырдзыстоны растцытгæнæг аргъуаны юрисдикци æппæт
бæстæйы, се хсæн дэ-факто Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл
парахат кæны.
Цитатæйы райдайæн:
«Уæ бæрзонддзинад, Мæскуыйы æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кирил!
Гуырдзыстоны растцытгæнæг аргъуаны æмæ мæхи номæй зæрдæбынæй арфæ
кæнæм гуырæнбоны 70 азы цытæн, Алыхатт дæр, ахæм бонты куы снысан
кæнæм, анализ саразæм ивгъуыд царды тыххæй æмæ-иу арæхстгай кæсын
байдайæм сомбоны рдæм.
Мæ зæрдыл лæууы, мæ интронизацийы боны æрбацыдис иу уæздан куырыхон
лæг æмæ мын загъта: Хуыцау дын уæззау дзуар схай кодта æмæ цæмæй
фæрог кæнай уый, рымыс уæ паддзахты кой æмæ патриархты æмæ дын
уыдон баххуыс кæндзысты.
Уæдæй фæстæмæ æххæст кæнын ацы фæдзæхсты æмæ сын æрвылхатт æнкъарын
се ххуысы. Уæ бæрзонддзинад, уадз, сымахæн дæр æххуыс кæна Уæрæсейы
зæххы паддзахтæ æмæ патриархтæ!
Зæгъæн ис æмæ мæ цыппоразон патриархон лæггад мын фенын кодта,
цæмæй хорз фæстиуæг исæм, кæд мæ нын ис кæрæдзимæ хъусыны æмæ
æндæрты хъуыды райсыны амалдзинад. Æмæ мæ уый тыххæй, ноджы иу хатт
фæнды уæ размæ рахæссон Цхинвалы æмæ Цхум-Абхазийы эпархийы
проблемæты.
Куыд зонут афтæмæй, иуæндæс азы дæргъы æз уыдтæн Эпископос æмæ
Митрополит Цхум-Абхазийы æмæ уым конфликт никуы æрцыдис. Махимæ
алыхаттдæр сабырæй цардысты ирæттæ.
Мах стыр аргъ кæнæм Уæрæсейы аргъуаны позицийæн, кæцы цалдæр хатты
расидтис, цæмæй разы у ацы регионты Гуырдзыстоны растцытгæнæг
аргъуаны юрисдикциимæ. Афтæ ма ноджы фидарæй загъта 19-æм ноябры нæ
фембæлды рæстæджы дæр.
Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны хсæн æмахастыты æрбиноныг кæнын дыууæ
бæстæйæн дæр иттæг нысаниуæгджын у; мах нæ кæрæдзийы хъæуæм.
Хъуыды кæнын, Гуырдзыстон хъуамæ уа Скæсæны æмæ Ныгуылæны хсæн
сабырдзин-адон æмгуысткæнынады бынат, бынат хæларсыхагдзинады.
Кæрæдзийы ныхмæдзинад та тынг тæссаг у æмæ гæнæн ис глобалон
конфликты расайын.
Раст у, мах не стæм политиктæ æмæ нæ бон нæу ацы къабазы серьезон
къахдзæфтæ саразын, фæлæ, Хуыцауы æххуысæй, процесстыл ахадындзинад
скæнын уæддæр гæнæн ис.
Æнæмæнгхъæугæ у нысангонд æрцæуа уый дæр, цæмæй абон, дзыллæ куы
лæууы тынг бирæ серьезон проблемæты раз, уæ куырыхондзинад, уæрæх
диапозон, æрдзон курдиат аргъауыны, æрвылхатт дæр ын стыр аргъ
цæуы. Уе стыр ныхасмæ хъусынц милуангай адæймæгтæ, куыд Уæрæсейы,
афтæ йæ арæнты æдде дæр, кæцы æххуыс кæны уыдонæн царды мидæг раст
ориентацийы ссарынмæ.
Сымах, нырма 23 аздзыд æвзонг уыдыстут, уæхи куы снывонд кодтат
хуыцауæн æмæ уæдæй фæстæмæ æппæтæй уæ цард у лæггад кæнын
æфсымæрдзинадæн. Уæ фæндаг никуы уыдис æнцон, фæлæ ныр уæ дзуар
ноджы уæззаудæр у æмæ бæрнондзинадон, фæлæ уыимæ иумæ стыр кадджын
дæр.
Хуыцауы хорзæх уæ уæд уе стыр куысты æмæ уæ цæст куы ахæссат уæ
рацыд фæндагыл, уæбон уæд зæгъын: уаргъ хуыцауы рог уæвын æмæ йе
фсондз та адджын.
Æнæниздзинад уын уæд, цæмæй ноджы æвæллайгæйæ лæггад кæнат Уæрæсейы
аргъуанæн æмæ æгас растцытгæнæндзинады хуыздæр бонæн». – Цитатæйы
кæрон.