Къаспы муниципалитеты Ламисхъаны хъæуы, Гарахъанисдзе-Эристауты
мыггагон галуаны сæндидзын кæныны фарстмæ цыртдзæвæнты хъахъхъæныны
агентад æмæ Къаспы муниципалитеты гамгеоба иумæ æркæсдзысты.
Ай фæдыл Гуырдзыстоны цыртдзæвæнты хъахъхъæныны националон
агентадæн дирек-торы хæдивæг Ломитъашвили Димитр фехъусын
кодта.
Шида Картлийы информацион центры рдыгæй æрцæттæгонд репортажы
фæстæ, галуаны сæндидзынгæнæны куыстыты планыл, агентад æмæ
гамгеоба иумæ бакусдзысты.
Ломитъашвили Димитримæ æхсæнадон телеуынынады журналист ныхас
кодта.
«Банысангонд бæстыхай Къаспы муниципалитеты балансыл ис æмæ, уымæ
гæсгæйæ, Къаспы муниципалитеты гамгеобаимæ иумæ галуаны сæндидзын
кæныны фæдыл, иумæйагон планыл бакусдзыстæм. Кæд бахъæудзæнис, уæд
бынатмæ нæ архитектурæйы специалисттæ ныццæудзысты æмæ сын баххуыс
кæндзысты», - зæгъы Ломитъашвили Димитр.
Къаспы муниципалитеты гамгеобайы культурæйы куысты хистæр
Хорбаладзе Тео хъусын кæны, цæмæй Гарахъанисдзе-Эристауты галуаны
фарстмæ гамгеобайы нæма æркастысты.
«Нæрма, нæм ничи ницы фехъусын кодта. Музейы баиугонды
къухдариуæгад нын куыд загъта, уымæ гæсгæйæ бæстыхай гамгеобайы
балансыл нæй», - зæгъы Хорбаладзе Тео.
Музейы баиугонды къухдариуæгад Меладзе Гиви зæгъы, цæмæй æппындæр
ницы зоны ацы галуаны алфæмблай цы плæнтты цæуы уыдонæн.
«Бæстыхай нæ балансыл нæ уæвы, уымæ гæсгæйæ, ацы фарстæйы фæдыл
махмæ ницыхуызон информаци ис», - зæгъы Меладзе Гиви.
Картлийы информацион центры журналисттæ æхсæнон реестры националон
агентады веб-фарсыл федтой, цæмæй зæхх æмæ бæстыхайæн хицау
нæй.
Амæ гæсгæйæ, уый паддзахады балансыл нымад цæуы.
Ацы галуаны зынгæ гуырдзиаг литературон уацмысты «Давитианы» авторы
Гурамишвили Давиты бинойнагы, Гарахъанисдзе Кетеваны ныййарджытæ
цардысты. Ламисхъаны лекæгты рдыгæй Гурамишвилийы аскъæфтæй иу азы
сæрмæ Гарахъанисдзе Кетеван сæнæвæрæн ныккæнды йæхи амардта.