Твауриты хъæуы Валишвилиты Сурæт æмæ Барис иунæгæй цæрынц.
Сæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ сæм æрмæст уынынмæ ‘рцæуынц.
Уыдонæн уæлдай цины бон вæййы уыцы бон, сæ фырт сæм Владикавказæй
уазæгуаты куы фæзыны.
«Иу хатт Азербайджыныл цы фæндаг ис, ууылты æрбацыдис, рынчын
уыдтæн уыцы рæстæджы. Æрцыдис мæ уынынмæ æмæ сыхаджы фæрсын, чи у,
зæгъын, ацы лæппу», - зæгъы Ванишвили Сурæт.
Хъæбулы хъæбултæ нæ гæнæн ис афæдзы мидæг иу хатт бабæрæг кæной.
Ванишвилиты Сурæт æмæ Барис сæ хъæбулы хъæбулты тыххæй афтæ
зæгъынц, сæхи сферæйы дам сын æнтыстытæ дæр ис.
«Æртæ хъæбулы мын ис. Дыууæ чызг æмæ иу лæппу. Иу чызг мын ам
æввахс Фæзуаты хъæуы ис моймæдзыд, иннæ чызг – Рустауы цæры. Лæппу
та, змæстыты рæстæджы Владикавказмæ ацыдис цæрынмæ æмæ ныр цалдæр
азы уым цæры. Йе рцыд мын тынг æхсызгон вæййы, фæлæ стæй фæстæмæ
куы аздæхы, уæд мын тынг зын вæййы», - дзуры Ванишвили Сурæт.
Уый Твауриты хъæумæ Мухраны хъæуæй радтой моймæ. Йæ зæрдыл хорз
лæууы, æмæ йын чындзæхсæв ирон æгъдæуттæм гæсгæ скодтой. Зæронд
къамтæ бирæ фæцагуырдта альбомы, фæлæ стæй зæгъы, зæгъгæ дам
æвæццæгæн кæцыдæр хъæбулы хæдзарон албомы уыдзысты.
Владикавказы цæрæг хъæбул йæ ныййарджытæн рагæй дзырдта, цæмæй
Цæгат Ирыстонмæ рацыдаиккой цæрынмæ, фæлæ йæм нæ байхъуыстой.
«Ацы хæдзар зоныс цы у?» - зæгъы Ванишвили Барис – «Мæ хæдзарæй
дарддæр мæ бон никуы у баззайын».
«Иуыл афтæ у», - ныхас райдыдта йæ бинойнаг дæр – «искуыдæм иу куы
ацыдыстæм уазæгуаты, уæд иу æхсæв никуы æрлæууыдис. Тбилисы дæр иу
куы уыдыстæм хæстæджытæм, нæ иу баззадис никæмæ. Мæн дам мæхи
хæдзармæ фæнды», - дзуры Ванишвили Сурæт. Стæй май æ ныхасмæ
афтыдта: «уынут, æз амæн лæггад кæнын, ай та æрмæст йæ хæдзарыл мæт
кæны».