Цалдæл азон паузæйы фæстæ Никозы стыр аргъуаны Митрополит Исай
литурги ауаддзæн.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн Никозæй Миндиашвили Нино
фехъусын кодта.
Уый ныхасмæ гæсгæ, Эпархийы раздзог оккупацигонд Ахалгоры
территорийæ æзнон æрцыдис.
2 азæй фылдæр у Митрополит Исай Ахалгоры районы Икъорты
моладзандоны уæвыд.
Дихгæнæг хаххы цур уæвæг Уæрæсейы арæнон тыхты минæвæрттæ уымæн
Никозæй Ахалгормæ сæрибарæй рацу-бацу кæныны бар нæ лæвæрдтой.
Шида Картлийы информацион центрæн зындгонд куыд сси, уымæ гæсгæйæ,
Митрополит Исайæн иу мæйон уадзæн гæххæтт радтой. Ног азы онг
рынчындоны хосгæнæн курсы рацæудзæн æмæ фæстæмæ æрбаздæхдзæн.
Никозæгты ныхасмæ гæсгæйæ, Митрополит Исай нырма Самебæйы Патриархы
литургийыл уыдзæн, уый фæстæ та йæм, никозæгтæ æнхъæлмæ кæсынц.
Митрополит Исай 2000 азæй Никозы æмæ Цхинвалы Эпархийы сæйраг
Эпископос у, 2007 азæй та, Митрополит.