Ног хабæрттæ
Гарахъанисдзеты галуанæн экспертизæ уагъд æрцæудзæнис
Ламисхъаны хъæуы Гарахъанисдзеты историон бæстыхайæн экспертизæ уагъд æрцæудзæнис.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн Къаспы мажоритарон депутат Мезурнишвили Иракли фехъусын кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, бæстыхайы уавæры тыххæй скъуыддзаг 20-æм декабрмæ уыдзæнис цæттæ.

Мезурнишвили Иракли абон райсомæй Ламисхъаны Гарахъанисдзеты галуаны бабæрæг кодта. Йемæ ма уыдысты цыртдзæвæнты хъахъхъæды национ агентады директоры хæдивæг Ломитъашвили Давит æмæ парламенты рухсады æмæ культурæйы къамитеты сæрдар Джаши Мария дæр.

«Ацы этапыл бæстыхайæн экспертизæ уагъд æрцæудзæнис. Визуалонæй, бæстыхай 19-æм æнусы арæзт у, фæлæ гæнæн ис æмæ 17-æм æнусы арæзт дæр разына. Уый тыххæй, фыццаджыдæр хъæуы бæстыхайы сахуыр кæнын. Ацы цырт Къаспы муниципалитеты гамгеобайы балансыл ис. Культурон быны цыртдзæвæны статус 2015 азы райста. Уымæ гæсгæйæ, махæй алкæй хæс у йæ бахъахъхъæнын», - зæгъы Мезурнишвили Иракли.

Ламисхъаны Мосидзе Георги дæр уыдис.

Историон бæстыхайы уавæры тыххæй информаци æппæты фыццаг Шида Картлийы информацион центр рапарахат кодта.

Ацы галуаны Гурамишвили Давиты бинойнаг Гарахъанисдзе Кетеван йæхи амардта.

Репортажы рацыды фæстæ, галуаны уавæрмæ бацымыдис кодтой цыртдзæвæнты хъахъхъæды национ агентад.

Тиникашвили Ияйы фото

Print