Ног хабæрттæ
Къаспы этникон къаддæр хайы минæвар сылгоймæгты уавæры темæйыл фембæлд ауагъта
Этникон къаддæр хайы минæвары ауагъд фембæлд Къаспы хаудта сылгоймæгты царды, проблемæты æмæ рагчындзæхсæвты темæмæ.

Фембæлды хайадисджытæ бинонты ‘хсæн тыхмидзинады æмæ раг чындзæхсæвты пробле¬мæтыл æмæ закондæттæг регуляцитыл ныхас кодтой.

Ныхас гендерон æмбæрцады закъонмæ бахæсгæ ивындзинæдтæм хауд, кæцымæ гæсгæйæ бынæттон хæдхицауиуæгадты хъуамæ арæзт æрцæуа гендерон æмбæрцады совет æмæ нысангонд æрцæуа гендерон уынаффæгæнæг.

Фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой, цæмæй æнгæс фембæлдтытæ иттæг ахсджиаг сты æхсæнадæн информаци раттыны цæстæнгасæй.

Кæроны ахуыргæнджытæ фембæлды организаторты этникон азербайджанæгæй цæрæг хъæутæм æнгæс дискусситы аразынмæ фæхуыдтой, кæцымæ скъолæйы ахуыргæн-джытимæ иумæ ахуырдзауты ныййарджытæ дæр æрбацæудзысты.

Фембæлдыл уыд организатортæ организаци «Журналистты хыз гендерон æмбæрцадæн» æмæ Гуры офис. Уыдысты ма Къаспы муниципалитеты гамгебели Гочитъашвили Гоча, сакъребулойы уæнгтæ, этникон къаддæр хæйттæй цæрæг хъæуты скъолæйы директортæ æмæ ахуыргæнджытæ, афтæ ма, уыдысты Евроцæдисы хъусдарæгон миссийы минæвæрттæ дæр.

Дискусси сылгоймæгты ‘рдæм тыхмидзинады скуынæг кæныны 16 бонон æхсæнадæмон къампанийы фæлгæтты уагъд æрцыд, кæцыйы нысан уыд æхсæнады æнкъарынад сбæрзонд кæнын æмæ гендерон тыхмидзинады амæттæгты ‘рдæм солидарондзинады демонстраци кæнынад.

Æнгæс фембæлд-дискусситæ «Журналистты хыз гендерон æмбæрцадæн» Гуры гендеры медиацентримæ иумæ арæх аразы проекты «хъæлæс ратт æмбæрцадæн» фæлгæтты.

Проект æххæст цæуы АИШ æхсæнадæмон рæзынады агентады
(USAID) æмæ æвзæрстон системæты æхсæнадæмон фонды (IFES) æххуысæй.





Print