Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад Меджрисхеуы хъæуы пенсионерты
рдыгæй полицæйы фæдагурæг Мтварелидзе Михелы рдæм загъд претензитæн
дзуапп дæтты.
Министрад æмбарын кæны, цæмæй 49 къухфыст полицæмæ аххосджыны
адвокат æрбахаста. Ацы «къухфыстытæм» гæсгæйæ, Иардалашвили
Иракълийы æрмæст дыууæ пенсионеры суммæйы тыххæй аххосджын
кæнынц.
Иннæ 49 пенсионеры та, «къухфыстытæм» гæсгæ, Иардалашвили
Иракълийыл «нæ хъаст кæнынц».
Пенсионертæ Шида Картлийы информацион центрæн лæвæрд интервьюйы
зæгъынц, цæмæй къухфыстытæ полицæйы бæстыхайы гамгебели Мтварелидзе
Михеил ныффыссын кодта. Уырдём сæ микроавтобусыл аххосджыны бинонты
уæнгтæ æрбакодтой, кæцыйы тыххæй деталонæй ныхас кæнынц
Мидхъуыддæгты министрад: «Иардалашвили Ираъклийæн фæсауонмæ лёвёрд
ис уголовон дзуаппдæттынадмæ гæсады бынатæй фыдархайдæн спайда
кæныны фæдыл, фæлитой æмæ мæнг документты мыхуыр кæныны, штамп
æвæрыны кæнæ сцæттæ кæныны факттыл (Гуырдзыстоны конст. 220-æм
пунктæй, 362-æм пункты, 2-аг хайы «б» дæлпунктæй, 180-æм пункты
2-аг хайы «б» дæлпунктæй æмæ 3-аг хайы «а» дæлпунктæй) æмæ йыл
расидтысты йе рцагурын».
«Фæдагурæг Мтварелидзе Михелмæ та цы хауы: уый банысангонд
хъуыддаджы фæдыл фæдагурæн куыстытæ фæцис. Прессæйы рапарахатгонд
информацийы уый фæдыл, цæмæй уый цыма, хъуыддаджы процессы рæстæджы
пенсионертæй райста къухфыстытæ, кæцы раст нæу. Хъуыддаджы уæвæг
къухфыстытæ аххосджын И. И-йы адвокат æртымбыл кодта. Банысангонд
къухфыстытæм гæсгæйæ, 49 пенсионерæн нæй претензи И. И-мæ».
«Афтæ ма ноджы, раст нæу информаци уый фæдыл, цыма фæдагурæджы
‘рдыгæй æвдисæнтыл æндæвдад уагъд æрцыд. Фæдагурæн процедурæтæм
гæсгæ, фæдагурæг æвдисæнты, цалынмæ бафæрсы уæдма уал сын базонгæ
кæны сæ барты-хæсдзинæдты», - нысангонд цæуы мидхъуыддæгты
министрады курдиаты.
Цас раст фыст у, мидхъуыддæгты министрады курдиат, уый Шида
Картлийы инфор-мацион центр сбæрæг кæндзæнис.
Кæс журналистон фæдæвзарæны:
Меджврисхеуы 53 пенсионерæн се хца фесæфтис – полицæйы
саразгæ бæрæггæнæнтæ дызæрдыггаг систы.