Ног хабæрттæ
Лаврисхеуы кæрдæджы цай Къаспы районæй
Къаспы муниципалитеты Лаврисхеуы хъæуы кооператив «Къона» 2014 азы арæзт æрцыд, цыран 5 уæнг ис баиугонд.

Уыдон 12 хуызы цайы уадзынц, се хсæн, 9 комбинацийы, кæцы гуырдзиаг æмæ францаг фототерпевтты æххуысæй арæзт æрцыд.

Кооператив «Къона»-йы сæрдар Парцхаладзе Наталийы курдиатмæ гæсгæйæ, хъуыдыдыйæ Лаврисхеуы хъæуы уыдоны рдыгæй æркæнгæ æмæ æртымбылгонд зайæгойтæ, афтæ ма, æндæр кооперативты рдыгæй рауадзгæ цай пайдагонд у.

«Хъæууон-хæдзарадон кооперативты агентады рдыгæй æххæст цæуы æндæр æмæ æндæр паддзахадон программæтæ, кæцыйы фæлгæтты хъæууон-хæдзарадон кооперативтæн æмæ уыдоны хсæн кооператив «Къонайæн» дæр ис йæ кондады рæзынады фæрæз», - зæгъы хъæууон-хæдзарадон кооперативты рæзынады агентады сæрдар Мишеладзе Георги.

«Къонайæн» кондады ифтонг кæнын æмæ кооперативы брендир кæнын æххæст æрцыд оксфамы æмæ биологон хæдзарадты ассоциаци «Элканайы» æххуысæй Гуырдзыстоны хъæууон æмæ хъæууон-хæдзарады рæзынады Европæйы сахагон программæйы ENPARD-йы æмæ Евроцæдисы рдыгæй финансгонд проекты «Хъæууон-хæдзарадон кооперативты рæзынады фарсхæцын Гуырдзыстоны» фæлгæтты.

Абонæн Гуырдзыстоны 1633 хъæууон-хæдзарадон кооперативы регистрацигонд ис, се хсæн 124 Шида Картлийы регионы.

Print