Ног хабæрттæ
Гуры адæймаджы барты æхсæнадæмон бон снысан кодтой
Абон Гуры театры кæрты адæймаджы барты æхсæнадæмон боны фæдыл, информацион къампани акци ауагъта.

Акцийы организатор Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæджы Шида Картлийы офисы минæвар уыд.

Къампанийы фæлгæтты адæмон хъахъхъæнæджы минæвар, æхсæнадæмон организациты минæвæрттимæ иумæ, æмбæстагон ахырады æмвæзады сбæрзонд кæныны нысанæй, цæрджытæн адæймаджы барты æмæ хæдбардзинæдты фæдыл æрныхас кодтой.

Æвзонг фæсивæдæн бамбарын кодтой адæмон хъахъхъæнæджы институцийы роль æмæ функцитæ, байуæрстой сын адæмон хъахъхъæнæджы аппараты архайды æвдисæг буклеттæ, флайертæ æмæ æндæр зæрдылдарæн лæвæрттæ.

«Адæймаджы барты хъахъхъæныны бæрзонд стандарты æмæ закъоны уæлдæрады æрфидар кæнынæн æнæмæнгæй хъæуы сæрмагонд хъусдард лæвæрд æрцæуа адæймаджы барты тыххæй æхсæнадон зынгæдзинады суæлæмæ кæныны, уæрæх ахуыргæнæн компанийы бакусын-сæххæст кæнынæн; абоны нæ информацион къампани дæр ацы нысæнттæн лæггад кæны», - зæгъы Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг Уча Нануашвили Тбилисы.

Мадзæлттæ Тбилисы, Кутаисы, Батумы, Зугдиды, Озургеты, Гуры, Ахалцихы, Телауы æмæ Марнеулы, Евроцæдисы проекты «Адæмон хъахъхъæнæджы офисы куысты стыхджын кæнын Гуырдзыстоны» фарсхæцынæй уагъд æрцыд.


Print