Уый фæдыл æфсæддонтæ Шида Картлийы информацион центрæн фехъусын
кодтой.
Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, сæрибаргонд цæуынц æнæзакъонæй æмæ гæсады
бынæтты ахæм гоймæгты ныууагътой, кæцытæ æндæр æмæ æндæр
тугтæрхонон хъуыддæгты койгонд сты.
Сæрмагондæй, Гуры танкон батальонæй 5 тоннæ æфсæйнæгтæ адавыны,
æртагы æнæраст нысанмæ гæсгæ хардз кæнын æмæ æфсæддонты хсæн, а.х.
«общиакъы» æмбырд кæныны фактыл.
Æфсæддонтæ нын куыд загътой, уымæ гæсгæ, регионон хайады æдæппæт
113 гоймаг кусы, адонæй, 25-ы, сæхи сæрмагонд интересты бындурыл
ссæрибар кодтой.
Æфсæддонтæ уыцы уголовон хъуыддæгтыл ныхас кæнынц, кæцы Шида
Картлийы æфсæддон полицæйы нырма дæр фæдагурæн процессы ис.
«Куыстæй нæ чи уадзынц зонут? Ахæм адæм, кæцы Гуры танкон
батальонæй адавта æфсæйнаг 9 тоннæмæ ввахс. Æртаг уæй кодтой æмæ
æрвылбон 40-40 ларийы æфсæддонтæй тымбыл кодтой, цыма, сæ кæцыдæр
æмкусæджы нанайы кæнæ хæстæджы фæзианы тыххæй сабæттаг тымбыл
кодтой. Алы ацы æрмæг æфсæддон полицæйы æвæрд ис æмæ сын бирæ адæм
дæр ис фарстгонд» - загъта нын куыстæй арвитгæ æфсæддон.
Уыдон рæстбарадон æххуысы фæдыл Сайайы Гуры офисы уыдысты æмæ
консултацитæ райстой.
Уавæры официалон хаимæ базонгæйы фæстæ, Шида Картлийы информацион
центр уæлæмхас деталты хихъахъхъæныны министрады пресс-куыстуатæй
æрцагурдзæн.