Ног хабæрттæ
Абанойы хъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны ИНО-йы уæлдæр комисариаты минæвæрттæ бабæрæг кодтой
Абон Карелы муниципалитеты Абанойы хъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны ногазы цытæн арæзт мадзалмæ æрбацыдысты уæлдæр рангы уазджытæ.
Абанойы хъæуы сывæллæтты рæвдауæндон 40 азы дæргъы нæ уæвыд.

Дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуы сывæллæтты рæвдауæндон Карелы муниципалитеты 2016 азы бынæттон бюджетæй æмæ ИНО-йы фонды æмфинансгондæй арæзт æрцыд.

Уый Абанойы, Къодайы æмæ Сацихуры хъæуты 30 хъомылгæнинагыл у нымад.

Хицауады минæвæрттæ рæвдауæндоны хъомыгæнинæгтæн Ногазы бæрæгбонæн раарфæ кодтой æмæ сын лæвæрттæ раттой.

Ног рæвдауæндон бабæрæг кодтой æмæ мадзалмæ æрбацыдысты ИНО-йы лигъдæтты уæлдæр комисариаты регионалон минæвар Хуссар Кавказы – Симоне Волкени æмæ ИНО-йы рæзынады программæйы архайды къухдариуæггæнæг Гуырдзыстоны – Шомби Шарпъи.

Уыдонæн фысымиуæг кодта Гуырдзыстоны паддзахадон министр фидыдад æмæ æмбæстагон æмбæрцады фарстæты – Цихелашвили Кетеван, Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæй рацæугæ гоймæгты, лигъдæтты министр Созар Субари, Шида Картлийы губернатор Окромелидзе Йосеб, Карелы муниципалитеты гамгебели Гулиашвили Заза æмæ сакребулойы сæрдар Ардеманашвили Иуане.



Print