Адæмон хъахъхъæнæгæн студенттæ уыцы хæлд уавæрты тыххæй радзырдтой,
кæцытæн ис бынат регионы.
Ай фæдыл æвзонг фæсивæд адæймаджы барты хъахъхъæныны къуырийы
фæлгæтты ахуыргæнæн университеты ауадзгæ фембæлдыл æрныхас
кодтой.
Сæрмагонд хъусдард здæхт уыд сывæллæтты æмæ сылгоймæгты рдæм
тыхмидзинады фæдыл, афтæ ма ноджы, патрулы ‘рдыгæй æмбæстæгты
æруромгæйæ æмæ æнæхæдзар адæймæгты рдæм равдисгæ æнæуаг
ахастмæ.
Адæмон хъахъхъæнæджы фарстайæн, цавæр барты хæлдæн ис бынат Шида
Картлийы, фыццаг дзуапп дихгæнæг хаххы цур адæймæгты æрцахсыны
фактмæ хаудис.