Владикавказы цæрæг Ванишвили Анзор йе ‘рвадæлы бинонты цæрæн
хæдзарæй рарвыста.
Ванишвили Ламара, бинонты уæнгтимæ авд удимæ иумæ, ныртæккæ цæрынмæ
йæ хицауы зæронд, кæлæтдзаг хæдзармæ рацыди.
Ацы хабар Къаспы муниципалитеты Хвиты хъæуы æрцыд. Хъæу дихгæнæг
хаххмæ ввахс у.
Ванишвили Анзор Владикавказмæ цæрынмæ 90-æм азты кæрон ацыдис.
2006 азы йæм йе ‘рвадæл телефоны адзырдта, цæмæй ын рауæй кодтаид
йæ хæдзар. Æрвадæлтæ бæрæг суммæйыл бафидыдтой. 10 азы дæргъы уыцы
суммæ хайгай фыст цыд.
Ванишвили Анзор хъæумæ 2012 азы фæстæмææрыздæхтис æмæ йе ‘рвадæлтæн
загъта, цæмæй уыцы аргъ, кæцыйыл уыдон 2006 азы бафидыдтой,
ныртæккæ, «æппындæр ницыуал аргъ у». Æмæ уый тыххæй, нал у разы йæ
хæдзары ауæй кæныныл æмæ сææркуырдта, цæмæй хæдзары сафтид
кæной.
Полицæмæ ныффыста, цæмæй йе ‘рвадæлтæй æрмæстдæр 1500 доллары
райста. Ныртæккæ, хæдзары аргъ, йæ хъуыдымæ гæсгæйæ, 8-10 мин
доллары у.
Ванишвили Ламара зæгъы, цæмæй Ванишвили Анзоримæ 4 мин долларыл
баныхас кодтой, æмæ йын сæ бафыста, фæлæ йæм бæлвырдгæнæг гæххæтт
ницы ис, уымæн æмæ суммæйы дæттыны рæстæджы ницыхуыз документ æрцыд
фыст.
Ванишвили Анзор Шида Картлийы информацион центримæ ныхасы рæстæджы
загъта, цæмæй йе ‘рвадæлтæн уыцы 1500 доллары дæр фæстæмæ нæ
ратдзæнис, уымæн æмæ хæдзары фехæлдтой. Фактивонæй уыцы суммæ
нымайы 10 азы æххуырсты аргъмæ.
Ванишвили Ламарайы бинонтæ ныртæккæ социалон æххуыс куры. Репортажы
йæ царды уавæртæ сты æвдыст.