Ног хабæрттæ
Стъалины гурæнбоны музеймæ торт æрбахастой
Абон Гуры Советон лидеры, Стъалины гуырæн бон снысан кодтой.

Польшæйы цæрæг æмбæстаг гуйраг æмбæлттимæ иумæ, музеймæ торт æрбахаста.

«Символиконæй нæ фæнды снысан кæнæм стыр лидеры райгуырæн бон. Специалонæй, ацы боны тыххæй æрцыдтæн. Нырыонг иу мæ фыдыфсымæр æрцыд æмæ ныр æз уый традицийы дарддæр кæнын», - загъта нын Саркис.

Уазджытæ, музейы къæлидоры æвæрд Стъалины бюсты цур, фототæ систой. Уый фæстæ торты дуармæ фæзуатмæ рахастой, ныллыгтæ йæ кодтой æмæ лидеры гуырæнбонæн шам-панскийæ ракуывтой.

Сæйраг фæзуатыл та, коммунистон партийы æмææхсæнад «Стъалинæгты» минæвæрттææрымбырд сты æмæ хæрз чысыл бюст сæвæрдтой.

Гуры меры хъахъхъæныны æмкусджытæ бис ныридæгæн райстой.

Коммунисттææмæ акцийыл уæвæг æмбæстæгтæ домынц, цæмæй Стъалины цырт сæйраг фæзаутмæ фæстæмæ раздахой. Цырт 2010 азы июны систой.




Print