Ног хабæрттæ
Гостъибе-Цхаверы фæндаджы арæзтад тымыгъы дæр дарддæр кæны
Гостъибе æмæ Цхаверы онг фæндаджы реабилитацийы процесс иннæ азмæ адаргъ уыдзæн.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн фехъусын кодта «Челябинск тран-сигналы» компанийы минæвар Сибашвили Никъолоз.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, боныхъæды фæфыддæрмæ гæсгæ, Цхаверы онг сæххæстгонд куыстыты документаци уалдзæгыл оформитгонд æрцæудзæн.

Уымæй уæлдæр хъæу Гостъибемæ та цы хауы, уый дæрСибашвили Никъолозы ныхасмæ гæсгæйæ, 2017 азы сæххæст уыдзæн.

Къаспы цæстдарды куыстуаты хайады хистæр Цъивцъивадзе Кетеван зæгъы, цæмæй компани, цауд боныхъæды, æрмæст бетоны куыстытæ не ‘ххæст кæны, æндæр куыстытææххæс цæуынц.

Курорт Гостибемæ бахизæны 14,5 километрон фæндаджы фадыгы арæзтад тендеры фæуæлахизуæвæг компани «Арæзтадон – монтажон эксплуатацион амалиуæг Челябинск тран¬сигнал» æххæст кæны.

Бынæттон æмæ централон бюджеты финансгондæй, Цхавер-Гостъибейы фæндаджы реа-билитаци 625 500ларийы онг слудзæнис.

Гостъибе Къаспы муниципалитеты, Ахалкалакы темы, Триалеты рагъы цæгатфарсыл уæвы, цæугæдон Гостъибейы доны былгæрон; денджызы æмвæзæй 1550 метры.

Хъæуы статус ын раздæхтой 1980 азы 11 сентябры. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъæуы цæры 45 адæймаг.

Цхавермæ та цы хауы уымæй, уый Гостъибемæ абаргæйæ, денджызы æмвæзæй 300 метры дæлдæр у, 1250 метрыл уæвы.

Цхаверы хъæу зымæджы – æнæ сывæллæттæй (PHOთO/VIDEO)



Print