Ламисхъаны Мариам Джамбакъур-Орбелианы галуаны балкъоны хъæдын
конструкцитææрсастысты.
Уый аххосагыл нымайынц йæбинаг хайыл фæзынгæскъуыдты.
Галуаны къухдариуæджы ныхасмæ гæсгæ, уыцы фахсыл, цыран бæстыхай
лæууы, мæр æрдæлæмæ ис, къултæ ныскъуыдтæ сты æмæ йын балкъон нæ
бафæрæзта.
Галуаны директоры Цуцунашвили Сопойы курдиатмæ гæсгæ, бæстыхайы
комплексыхъæуыæнæхъæнæй сног кæнын. Комплексмæ хауы: бæстыхай,
забор, къæбицтæ, æндæр æмææндæр æвæрæнтæ.
Ацы бынат 17-æм æнусмæ Ксаны Эристауты уыдис. Торникъе Эристау йæ
чызджы Нино Эристауы Иуане Орбелинмæ чындзы ратта. Чындзон
дзаумайæн та йын ацы бынат балæвар кодта.
Эристауты фидар-зæххыл Иуане Орбелиан бæстыхай дæр самадта.
Ацы бæстыхайы цæрджытæ, растдæр, Мариам Джамбакъур-Орбелиан æмæ йæ
мой, Александр Джамбакъур-Орбелиан уыдысты.
Иу мыггагæй бинонтæ Эрекъле паддзахы байзæддаг уыдысты йæ чызджы
‘рдыгæй.
Мариам Джамбакъур-Орбелиан феминистон æхсæнады фыццаг гуырдзиаг
сылгоймæгты барты иуæй-иу хъахъхъæнæгыл нымад цыд.
Ламисхъанаг сылгоймæгты барты хъахъхъæныны фæдыл Мариамыл цымыдисон
истори фыццаг революцийы рæстæджы, 1907 азы æрцыд.
Фыццаг революци крахимæ фæугæйæ паддзахы Уæрæсейы жанрдармери дыууæ
эгзекъуци хъæуы сарæзта.
Охранкæйы уæнгтæн, хъæдмæ ацæугæ «Ламисхъанаг лæппутæ» сæ къухы нæ
бафтыдысты, фæлæ, сын сæ устыты хæдзæрттæй ракодтой, сæ къахы дарæс
сын раласын кодтой æмæ сæ ахæстонмæ акæнынмææрцæттæ кодтой.
Хъæуы ахуыргæнæг, йæ мыггаг Джабаури ацы хабар Мариамæн фехъусын
кодта. Паддзахы адъютанты Александр Джамбакъур-Орбелианы бинойнаг
уыдон фервæзын кæнын аскъуыддзаг кодта. Уайтагъд арастис
эгзекъуцийы разамонæгмæ, йæ къахыдарæс йæхæдæг дæр раласта æмæ йын
загъта: - «кæд æнæаххос сылгоймæгты не ‘ссæрибар кæндзынæ, æз дæр,
адонимæ иумæ рацæудзынæн».
«Ай уыййас æнæфехъусгæ хъуыддаг уыдаидæмæ охранкæйы разамонæг
уайтагъд ссæрибар кодта Ламисхъаны сылгоймæгты. Мариам паддзахы
адъютанты бинойнаг уыд æмæ паддзахы дуарыл стыр скъандал æрцыдаид»,
- ацы хабар нынрадзырдта Ламисхъаны хъæуы Джамбакъур-Орбелианы
галуаны къухдариуæггæнæг Цуцунашвили Сопо.
Мариамы дзуамæттæ, фыстæджытææмæ къамтæ музейы ‘фснайд сты. Уымæн
йæхицæн сывæллон нæ уыдис æмæ йе ‘фсымæр, Никъолоз
Джамбакъур-Орбелианы хъæбулты хъомыл кодта. Никъолозы иу чызг Иванэ
Джавахишвилийы бинойнаг уыд, иннæ та – Къитъа Абашидзейы бинойнаг
уыд.
Галуан æлдæрттæм 1924 азмæ хауд. Уый фæстæ йæ большевиктæ
байстой.
Реставраци йын 1970 азты уагъд æрцыд.
Къаспы муниципалитеты музейты биугонды къухдариуæгад Меладзе Гиви
зæгъы, цæмæй бæстыхайы реабилитацийы тыххæй, план æмæ проект арæзт
у. Аккаг суммæ та, уырны мæ, цæмæй культурæйы министрад рахицæн
кæндзæн.