Гуры муниципалитеты Меджврисхеуы 53 пенсионерæн æхсызгон хабар
фехъусын кодтой.
Либерти банк, йæхи сæрмагонд æмкусæджы архайдæй зианбаййæфæг
социалонæй æнæхъахъхъæд, иунæг æмæ æгуыст бинонты уæнгтыл,
тæрхондонмæ нал хъаст кæны.
Ай фæдыл пенсионертæ Шида Картлийы информацион центрæн тæрхондоны
рабадты фæуды фæстæ фехъусын кодтой.
Либерти банкы минæвар тæрхоны процессы рæстæджы загъта, цæмæй сын
уыдонæй алкæмæндæр банкы сæйраг офисы къухдариуæгад ногазон лæвар
скодта.
Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Меджврисхеуы 53 пенсионермæ æмбæлгæ
суммæйы фæлывддзинадæй хи бакæныны фактыл, Шида Картлийы
информацион центр дæргъвæтин æрмæг æрцæттæ кодта.
Репортажмæ гæсгæйæ, ацы хъæуы цæрæг, банкы æмкусæг Иардалашвили
Иракъли пенсионерты номæй 10-12-28-25 мæйон хæстæ рахаста.
Банкы мидæгон аудиты раиртæсты бындурыл, банкы æмкусæг куыстæй
систой, пенсионертæн уый тыххæй курдиæттæ ныффыссын кодтой æмæ сæ
фæдагурынмæ полицæмæ адæттой.
Фæдагуырды процессы зылынмæ лæвæрды ‘рдыгæй пенсионерты æндæр
къухфыстытæ бахастой. Ацы къухфыстытæм гæсгæйæ, пенсионертæн
Иардалашвили Иракълимæ претензитæ нæ уыди.
Гуры мидхъуыддæгты уагдоны æмкусæг Мтварелидзе Михел алы пенсионеры
дæр Меджврисхеуы мидхъуыддæгты хайадмæ зылынмæ лæвæрды хионы
æххуысæй æрбакодта. Пенсионерты ныхасмæ гæсгæйæ, растдæр фæдагурæг
ныффыссын кодта уыдонæн ног æвдыстытæ, кæцымæ гæсгæйæ сæм нæй
претензитæ ныр дæр Иардалашвили Иракълийы рдæм.
Ахæм æвдыст æрмæст дыууæ пенсионеры нæ ныффыста. Иннæ 51
пенсионеры, фæдагурæджы версимæ гæсгæ, зианбаййафæгыл нымад нæ
цæуынц, æмæ уымæ гæсгæйæ, нæдæр Либерти банк банымадта уыдон
зианбаййафæгыл.
Амæй фæстæмæ Либерти банкы юридикон департаменты бæрнон кусджытæ
хæсæй лæвæрд суммæйы фæстæмæ раздахын, комкоммæ, пенсионерты
пенсион суммæйæ райсын аскъуыддзаг кодта æмæ 51 пенсионерыл алкæуыл
дæр тæрхондонмæ индивидуалонæй бахъаст кодта.
Шида Картлийы центры ‘рдыгæй æрцæттæгонд æрмæджы фæстæ, 20 декабры,
Либерти банкы юрист тæрхондонæй йæ хъаст фæстæмæ рахаста.
Ай фæдыл, нæм банкы бæрнон кусджытæ курдиат æрбадæттой:
«Куыд зонут афтæмæй, цалдæр мæйы размæ Либерти банкы ‘рдыгæй
бæрæггонд æрцыд пенсионерты номыл мæнг кредитон бадзырдты бындурыл
суммæты хибакæныны факт, цæй фæстиуæгæндæр зиан баййæфта банкы 51
клиенты. Пенсионерты интересты хахъхъæныны нысанæй, факты сбæрæг
кæнынмæ гæсгæ, банк уыдонæн се ‘нæрайсгæ пенсийы ратта алы
бенефициарæн дæр, цæмæй уыдонæн ма фæцух уа сæ цæрæн фæрæз. Банкы
‘рдыгæй лæвæрд суммæ æдæппæт у – 27 974 лари».
Фактыл æвæстиатæй райдыдта уголовон хъуыддаг, фæлæ хъыгагæн,
барадхъахъхъæныны структурæты ‘рдыгæй не рцыд сгæрст иуæй-иу
пенсионеры ‘рдыгæй фыст курдиаты ми-дисы рæстдзинад æмæ 27 974 мин
ларийы хайы банкы зианбаййафæджы бæрæггæнæг гæххæтт нæ раттой.
Фæстиуæгæн райстам уыцы факт, цыма пенсионртæ райстой дыккаг хатт
æмбæлгæ пенсийы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æмæ банкыл парахат кæй цæуы
бадзырдон æмæ закондæттæн хæсдзинад, цæмæй паддзахады ‘рдыгæй
рахицæнгонд æфтиаг байуара алкæ¬цы бенефициарыл æнæрæдыдæй æмæ
специалон фæткы хъахъхъæдæй, фæлæ рæдыдæй лæвæрд суммæйы та фæстæмæ
хъуамæ раздаха бюджетмæ. Уымæ гæсгæйæ, цæмæй банк ма уыдид зындгонд
зианбаййафæгæй хибаконды суммæйы æххæст бæрцыл, сæрмагонд
хæсдзинæдты сæххæст кæнынæн банк хъаст балæвæрдта конкретон
пенсионерты ныхмæ дыккаг хатт райсгæ æфтиаг фæстæмæ раздахынæн.
Амæ æнæгæсгæйæ, хъуыддаджы цæугæйы рæстæджы сбæрæггонд фактивон
уавæртæм гæсгæйæ, нæ хъус æрдардтам ацы нысангонд проблемæ кæй у
расайæг объективон æви субъективон факторты æмæ пенсионерты уæззау
уавæры. Банкы æмкусджытæ равдыстой хæлар ахаст æмæ аскъуыддзаг
кодтой фæстæмæ æркурын алкæцы хъасты дæр, кæцы лæвæрд уыд барадон
уагдонмæ. Фæстиуæгæн банк йæхæдæг бафиддзæн ацы зианы уый ныфсæй,
æмæ аккаг барадхъахъхъæнæг структурæтæ эфективонæй разамынд
кæндзысты фидæны фæдагурæн архайдтытæн æмæ банкæн ратдзысты
гæнæндзинад райсгæ зианы раздаха фæстæмæ комкоммæ
барадхъахъхъæнджытæй.
Кæс ацы темæйыл:
Меджврисхеуы 53 пенсионеры пенсийы суммæ
фесæфтис