Ног хабæрттæ
Гуырдзыстоны национ платформæйы регионалон минæвар иу афæдзон куысты хатдзæг скодта

Скæсæйнаг партниордзинады æмбæстагон æхсæнады форумы Гуырдзыстоны национ платформæйы Шида Картлийы регионалон минæварады къухдариуæг иу афæдзы куыстæн хатдзæг скодта.

Тавакарашвили Арина æрныхас кодта уыцы мадзалты æмæ активты тыххæй, кæцытæ проекты райдайынæй абоны онг æххæстгонд æрцыд.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, хъуыддаджы иуæй-иу сæйраг æрдæмад уыд, платформæйы тыххæй, цæрджытæн информацийы бадæттын.

Регионы мастабæй, уыдон æхсæн, дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты цалдæргай фембæлдтæ уагъд æрцыд.

Æвзонг фæсивæдимæ, æнæхицауадон организацийы уæнгтимæ æмæ бынæттон хицауады минæвæрттимæ ауадзгæ фембæлды рæстæджы, бæстæйы æдасдзинадыл, визæйы либерализацийыл, æвзæрстыты сылгоймæгты хайадисты æмæ разæвзарæн уавæртыл, социалон сервистыл информацийы æнцонвадатыл, ассоцирдзинады бадзырды бæрнондзинæдты æмæ бинонты хсæн тыхмидзинадыл баныхас кодтой.

Скæсæйнаг партниордзинады æмбæстагон æхсæнады форумы Гуырдзыстоны национ платформæ 149 бынæттон æмæ æхсæнадæмон æнæхицауадон организацийы иу кæны.

Гуырдзыстоны национ платформæйы ма ис Шида Картлийæ дарддæр æртæ регионалон минæварад – Имерет, Самегрело æмæ Самцхе-Джавахет.


Print