Гуры, цæрæн бынаты райсынæн курдиæттæ бадæттыны æмгъуыл 1-æм
мартъимæ даргъ кæны.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн лигъдæтты уагдонæй
фехъусын кодтой.
Гуырдзыстоны оккупацион территоритæй рацæугæ гоймæгты, лигъдæтты
министрады минæварады бæрæггæнæнмæ гæсгæ, корпусы арæзтадон
куыстытæ 2017 азы июны фæуыдзысты.
480 лигъдон бинонтæн, 8 уæладзыгон корпус арæзт цæуы.
Ногарæзт корпусы цæрæн бынаты æркурыны курдиаты байдзаг кæныны
гæнæндзинад ис Шида Картлийы регионы регистрацигонд лигъдæтты
бинонтæн æмæ ма ноджы уыцы бинонтæн, кæцытæ Шида Картлийы регионы
уыдысты регистрацигонд æмæ регистрацийы бынат 2013 азы 1-æм июны
фæстæ фæивтой.
Курдиæттæ райсдзысты 2017 азы фыццаг мартъимæ ахæм адрестыл:
• Тбилис, Тамарашвилийы уынг №15а;
• Лигъдæтты министрады райсæг центр;
• Гур, Шмагийы уынг №1;
• Зугдид, Хубулавайы уынг №6;
• Кутаис, Иракъли Абашидзейы проспект №27.