Ног хабæрттæ
Самтависы æмæ Квемо Чъалайы цалдæр азы Цыппурсы æнæ Алилойæ нысан кæнынц
Къаспы муниципалитеты хъæуты, Самтависы æмæ Квемо Чъалайы цалдæр азы у Цыппурсы бæрæгбоны æнæ Алилойы цыдæй, æмбæлынц.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центры журналисттæн бынæттон цæрджытæ радзырдтой.

Аххосагæн уыдон социалон тыхстдзинады хонынц. Дыууæ хъæу дæр историон сты.

Самтависы Мацховарийы æрдæвæрæны аргъуан лæууы, уымæ æввахс ис мадæлты моладзандон дæр. Квемо Чъалайы та, Амилахорты резиденцийы Хуыцауы мады (Хвтисмшобелы) аргъуан ис.

«20-25 азы размæ иу ацæргæ нæлгоймæгты ансамбль æрцыдис нæ хъæумæ», - зæгъы Квемо Чъалайы цæрæг Гахеладзе Тина.

Ацы ансамблы тыххæй деталон информаци зоны хъæуы культурæйы хæдзары раздæры æмкусæг Шугълишвили Зизикъо.

«Ацы ансамбль 1975 азы арæзт æрцыд. Ансамлы уæнгтæй сæ иу уыд нæ хъæуккаг. Æрцыдысты иу алы бæрæгбоныл дæр æмæ заргæ-заргæ рацу-бацу кодтой хъæуы, уый фæстæ иу ацыдысты Самтависмæ. Æххæст кодтой, куыд цыппурсон, афтæ, æндæр зарджытæ дæр, уыдис стыр хъæлдзæгдзинад æнæхъæн фæндагыл», - зæгъы Шугълишвили Зизикъо.

Ацы ансамблы фæстæ традицийы скълоæйы ахуырдзаутæ дарддæр кодтой.

«Нæ ахуыргæнинæгтæн амыдтам цыппурсон зарæг, – «25-са декъемберса Кристъе ишва Бетлемсао», цыдысты Алилойыл, тымбыл кодтой продукттæ æмæ сæ хастой мæгуртæм», - загъта нын культурæйы хæдзары раздæры кусæг.

Самтависы хъæуы аргъуаны Цыппурсы æхсæвы литурги æххæст цæуы, æппæт районы масштабæй мревли æрымбырд вæййы. Æхсæв бонкæныны фæстæ та, къулдуары сæхгæнынц. Сæйраг аргъуаны ныртæккæ мадæлты моладзандон функционир кæны.

 


Print