Ног хабæрттæ
82 аздзыд Ванишвили Датайы æрцахст йæхи сæрмагонд кæрты
Сындзтелтæй æмбонды фале баззайгæ Ванишвили Датайы хабар телекомпани «Си-ен- еныл» æвдыст æрцыд.

Æхсæнадæмон медиайы минæвæрттæн дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауады бæрнонтæ комментарийыл «нæ» загътой.

Уæрæсейы хицауадмæ та кремлæй, нырма дзуапп нæ арвыстой.

Гуырдзыстоны æмбæстаджы паспорты æвджид баззайгæ 82 аздзыд лæджы нæдæр Цхинвалмæ уадзынц.

Хурвалеты хъæумæ сындзджын хызтæй ахизынæн та йæм уырыссаг æфсæддонтæ æрцахсынæй æмæ ивар бафидынæй æртхъирæнтæ кæнынц. Ахæм факт раздæр дæр иухатт æрцыд.

«Иу хатт хъæумæ ацыдтæн, фæстæмæ куы æрбаздæхтæн, мæ хæдзары кæрты æрбаййæфтон ацы сындзтелæй æмбонд», - загъта «Си-ен- ены» журналистæн Ванишвили Дата.

Æфсæйнаг хыз Уæрæсейы арæнон тыхты минæвæрттæ 2012 азы сарæзтой.

Пенсийы, хæлц, продуктты, медикаменттæ æмæ æндæр хъæугæ дзаумæттæ Ванишвили Дата йæ сыхæгты æххуысæй исы. Уæрæсейы паспорты райсыныл «нæ» зæгъы.

Print