Вариан-Никозы фæндагыл ног асфалт кæнынц.
Ай фæдыл информаци автомобилон фæндæгты департаментæй фехъусын
кодтой.
Департаменты пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, проекты фæлгæтты
арæзт æрцæудзæнис, 5 км фадыджы æххæст реабилитаци.
Цалцæггонд æрцæудзæн 1 хид æмæ донуадзæн хæтæлтæ.
Афтæ ма, уагъд æрцæудзæн бынæттон фæндагмæ æрбаиугæнæны, цæрджыты
кæртытæм бахизæнты, æхсæнадон транспорты æрлæууæндæтты æмæ
автопавилонты аразыны куыстытæ.
Нысангонд æрцæудзæн фæндаджы цæуæн хай æмæ æвæрд æрцæудзæн фæндæгты
нысæнттæ.
Афтомобилон фæндаг хæлд уыдис, кæддæры уæвæг асфалт фæндагæй ма
æрмæст фрагментонæй баззад цыдæр фадыг, фæндаг сæйрагæйдæр уыд
змисджын. Хæлд фæндаг зындзæуæн уыд ацы фадыгыл цæуынæн.
Реабилитацион куыстытæ паддзахады бюджетæй финансгонд æрцыд æмæ йæ
æргъад у 2 200 000 ларийы. Куыстытæ 2016 азы декабры мæйы райдыдтой
æмæ ацы азы октябры мæймæ фæуыдзысты.