26-æм январы, Гуры муниципалитеты гамгеобайы бæстыхайы æвзонгадон
форум уагъд æрцыд.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн æхсæнад «Къахвæндагæй»
фехъусын кодтой.
Организацийы минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæйæ, форумы хайад райсдзысты
программæ «Фидæны фæлтæры» партнер скъолæты активон
ахуырдзаутæ.
Æхсæнад «Къахвæндаг», Шида Картлийы масштабæй, цалдæр скъолæимæ
æмгуыст кæны.
Ахуырдзаутæ форумыл æндæр æмæ æндæр хъæугæдзинæдты рабæрæг
кæндзысты.
«Форумы фæстиуæгæн бакуыстгонд проектты хайад райсдзысты скъолæйы
агъоммæ æмбæстагон клубты, æмбæстагон ахуырады педагогты/æмбæстагон
клубты хицæуттæ, афтæ ма æндæр æмæ æндæр структурæты (паддзахадон,
сæрмагонд æмæ бизнес структурæты) скъуыддзаг исæг гоймæгтæ», -
зæгъынц организацийы.
Æвзонгадон форумы нысан у æмбæстагон ахуырады программæйы «Фидæны
фæлтæр» фæлгæтты ахуырдзауты активон хайадистæй бæрæг æрцæуа уыцы
хъæугæдзинæдтæ, кæцытæ актуалон сты Шида Картлийы ахуырдзауты,
скъолæты æмæ бынæттон æхсæнады.
Скъолæйы агъоммæ æмбæстагон клубты æххуысы кæнæ æндæр фæрсты
мобилизацийы æмæ æххæсткæныны фæстиуæгæн та, фидæны гæнæн ис æмæ
ацы фарстытæ бæстонгонд æрцæуой.