Абоны уавæрæй Къаспы микробиологон комбинат бæстæйы масштабæй
1500-мæ ввахс тоннæ хъацæн ауæй кодта. Ай фæдыл кондады директор
Къупърава Давит хъæууон хæдзарады министрæн фехъусын кодта.
Министр Давиташвили Леуан хъацæнты завод знон бабæрæг кодта.
Микробиологон кондад «Джеоферт» ныр цалдæр мæйы у куы байгом.
Хъæууон хæдзарады министрады пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ,
кондады, кæцы ултранырыккон машинæ-ифтонггарзтæй æмæ кондадон
хæххытæй у ифтонггонд, экологионæй сыгъдæг бактерион, гуминон,
орган-минералон хъацæнтæ уадзы.
Заводы директор хъусын кæны, цæмæй компанийы уагъд биологион
хъацæнтæ домгæ сты куыд бынæттон, афтæ экспортон базарыл. Кондады
процессы министр уымæн æххуыс баныфс æвæрдта.
«Махæн тынг ахсджиаг у хъæууон хæдзарады рæзынад фидар принциптыл,
кæцы уый нысан кæны, цæмæй, иуæрдыгæй, нысаниуæгджын у аграрон
кондады продукци сырæзын кæнын, фæлæ, иннæрдыгæй та, мæры æххæстæй
бахъахъхъæнын. Растдæр уый тыххæй, органон кондадæн сæрмагонд роль
ис Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады рæзынады æмæ æхсызгондзинад у,
цæмæй уый гæнæн ис гуырдзиаг хъацæнтыл, гуырдзиаг кондадон фæрæзтыл
бындургондæй æрцæуа. Ацы къуымæй Гуырдзыстоны индустрион политикæ
иттæг нысаниуæгджын у уыдонæн, цæмæй мах райсæм хæрз тагъд
экономикон рæзты фæстиуджытæ», - фæнысан кодта йæ ныхасы
Давиташвили Леуан.
«Нæ продукци экспортыл хизы Германимæ, Турцимæ, Казахстанмæ,
Болгаримæ. Бадзырдты процесс нын ис ноджы цалдæр бæстæимæ.
Гуырдзыстоны базармæ та цы хауы, уымæй, 1500 тоннæйæ фылдæр хъацæн
ныридæгæн реализацигонд у æмæ ацы цифрæ ноджыдæр фæфылдæр
уыдзæнис», - зæгъы Къупърава Давит.
Кондады абон 120 адæймаджы кусы, кæцытæй 65 адæймаг бынæттон у.
Комбинаты æххæст кондадон хъомысадыл ахизыны фæстæ уæлæмхасæй
фæзындзæн 250 кусæн бынаты.