2017 азы дæргъы Шида Картлийы 12 хъæу газифициргонд
æрцæудзысты.
Ай фæдыл скъуыддзаг Гуырдзыстоны хицауады рабадтыл премьер-министр
цыппæрæмы райста.
Уыцы хъæуты ранымады, цыран куыстытæ ацы азы уагъд æрцæудзæн,
Гуырдзыстоны энергетикæйы министрад парахат кæны.
Æдыппæтæй æххæст æрцæудзæн 11 000-йæ фылдæр абоненты газифицирад.
Проектон æмæ арæзтадон куыстыты æргъад уыдзæнис 20 000 000 лиримæ
æввахс, кæцы 2017 азы паддзахадон бюджетæй энергетикæйы министрадæн
рахицæнгонд æрцæудзæн.
Къаспы муниципалитеты – Метех, Земо Чочет, Гоми, Ниаби, Ахалкалак
æмæ Земо Хандакъи;
Гуры муниципалитеты – Зертъ;
Хашуры муниципалитеты – Агара, Ахалсопели, стыр Сатъиве æмæ чысыл
Сатъиве;
Карелы муниципалитеты та – Мохис.
Кæсут хицауады (2017 азы 24 январы) бардзырд.