Дихгæнæг хаххмæ ввахс 10 хъæуы мидæг цъайты арæзтады фыццаг этапы
уыстытæ фесты.
Уый бæрæг кæнынмæ, абон, Гуырдзыстоны регионалон рæзынады æмæ
инфраструктурæйы министр, донæввонггæнæн компанийы директоримæ
иумæ, ныццыдысты.
Ног цъайтæ Гуры æмæ Къаспы муниципалитеты иннæ хъæуты: Дицы, Плауы,
Плауисманы, Пхвенисы , Мереты, Корды, Цъителубаны, Уæллаг Сбисы,
Божамы æмæ Хвиты арæзт цæуы.
Дыккаг этапы фæуды фæстæ, нуазыны доны проблемæскъуыддзаггонд
æрцæудзæн11 минæй фылдæр бынæттон цæрæгæн.
Цъайты арæзты куыстытимæ паралеллонæй донсыгъдæггæнæн гæнæхтæ арæзт
æрцыд.
Проект Гуырдзыстоны хицауады финансгондæй æххæст цæуы æмæ йæ
иумæйаг æргъад 3 милуан ларийæ фылдæр у. Куыстыты хайад исынц 50-йæ
фылдæр бынæттон цæрджытæ. Донæввонггæнæн системæйы реабилитацийы
куыстыты райдайыны дыккаг этап план кæнынц уалдзæджы.