Ног хабæрттæ
Рехайы хъæуы цур Бако-Супсайы хæтæлвæдæй нефт систематиконæй давд цыд
Гуры муниципалитеты Рехайы хъæуы цур уæвæг Бако-Супсайы хæтæлвæдæй нефты, систематиконæй, давтой.

Ацы факты фæдыл, мидхъуыддæгты министрады æмкусджытæ 5 бынæттон гоймаг æрцахстой.

Оперативон-фæдагурæн мадзал ауагътой мидхъуыддæгты министрады Шида Картлийы полицæйы департаменты æмæ сæйраг хæсты департаменты æмкусджытæ.

Мидхъуыддæгты министрады пресс-куыстуаты рдыгæй бадæттгæ видеоæрмæгмæ гæсгæйæ, бынатыл фиксиргонд æрцыд специалон арæзтад,æндæр æмæ æндæр гурахсты æфсæйнаг бактимæ.

Нефтæй едзаг æфсæйнаг бакты ахæссын, æмæ сæ уый фæстæ, микроавтобустыл раласын.

Пресс-куыстуаты минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæ, барадхъахъхъæнджыты давд нефты иу хай сбæлвырд кæнынæн систой.

Фæдагуырды куыст цæуы развæлгъау бадзырды къорды рдыгæй, магистралон хæтæлдоны уæвæг нефты давды факты фæдыл (Гуырдзыстоны конституцийы 177-æм пункты 3-æм хайы «а» æмæ 4-æм хайы «д» дæлпункттæй).


Print