Ног хабæрттæ
Эргнеты ауагъд бадзырды хайадисджытимæ ОБСЕ-йы сæрдар фембæлд
Эргнеты ауагъд фембæлдмæ ОБСЕ-йы сæрдар Себастьян Курц æрцыд.

Уый хъусдарæгон миссийы минæвæрттимæ, Гуырдзыстоны хицауады æмæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауады минæвæрттимæ фембæлд.

Себастьян Курц ма у, Австрийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр дæр.

Уый уыцы æртæ æрдæмадыл æрныхас кодта, кæцытыл ОБСЕ активон куыст сног кодта.

Радио «Сæрибардзинады» журналисты, Апциаури Гогайы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, ацы æртæ приоритет æвдисы экстремизмы æмæ радикализмы ныхмæ тохы, ОБСЕ-йы уæнг бæстæты хсæн æууæнкдзинады фидар кæнын æмæ конфликтты сабырадæй æрбæстон кæнынæн къухарæзт.

Министр журналисттимæ ныхасы рæстæджы банысан кодта, цæмæй хæсты заманы зиан баййафæг цæрджытæн баххуыс кæндзысты

Ацы нысанæй, Эргнеты фембæлды фæстæ, уый лигъдон сывæллæты цæрæнуатмæ ацыди. Лигъдонты министримæ, Созар Субаримæ иумæ, бынæттон цæрджытимæ фембæлд.

Апциаури Гогайы фото


Print