Ног хабæрттæ
Лигъдæттæн фатертæ райсыны фæлтау 95 500 АИШ доллары райстой
Мидхъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, лигъдæттæн, цæрæн корпусты фатертæ райсынæн баххуыс кæныны фæлтау, 95 500 АИШ доллары райстой.

Уымæ гæсгæйæ, рагацау бадзырдæй, къорды рдыгæй стыр бæрцæй саразгæ фæлитой-дзинады аххосагæй, æртæ адæймаг æрцахстой.

Оперативон-фæдагурæн куыстытæ ауагътой мидхъуыддæгты централон криминалон полицæйы департаменты организацигонд фыдракæнды тыххæй тох кæныны сæйраг хайады уæлдай нысаниуæгджын хъуыддæгты хайад æмæ Шида Картлийы полицæйы департаменты Хашуры районы хайады æмкусджытæ.

Æрцахстой 1972 азы гуырд М. М., 1980 азы гуырд М. Тъ. Æмæ 1969 азы гуырд Л. Къ.

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, аххосджынтæ, развæлгъау баныхасгæнгæйæ, Абхазийæ лигъдон гоймæгтæй, Тбилисы денджызы территорийыл уæвæг цæрæн корпусты лигъдæттæн æмбæлгæ фатертæ райсынæн баххуыс кæныны бæсты, фæлывдæй райстой 95 500 АИШ доллары.

Фæдагуырд цæуы развæлгъау бадзырды къорды рдыгæй саразгæ стыр бæрцæй фæлитой-дзинады факты фæдыл (Гуырдзыстоны конституцийы 180-æм статийы 2-æм хайы «а» дæлпунктæй æмæ 3-æм хайы «б» дæлпункттæй).








Print