Ног хабæрттæ
Хъæбул æмæ хъæбулы хъæбулты бæллицц пъантъиайнаг нана æмæ дада
Пъантъианы хъæуы цæрæг Хубашвили Нели æмæ Биганишвили Зардо 1957 азæй иумæ цæрынц.

Æртæ хъæбулы сын ис, дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Лæппу гуырдзиаг-ирон хъаугъайы рæстæджы, 90-æм азты ныууагъта хъæу æмæ цæрынмæ Владикавказмæ ацыдис.

Æнæзонгæ бæстæйы йын фыццаг цæрын зын уыдис, куыст æссарын дæр æнцон нæ уыд.

«Мæнæн ныр хъуамæ стыр хъæбулы хъæбултæ уаид. Раст у, мæ фырт ныр хорз цæры, фæлæ æрæгмæ æркодта бинонтæ. Ныр ын ис дыууæ хъæбулы, æртæ аздзыд æмæ æхсæз аздзыд», - дзуры Хубашвили Нели.

Владикавказæй мæ фырт æмæ йæ бинойнаг ивгъуыд азы сæрды ам уыдысты.

«Махæн нæ бон цæуын дæр ничердæм у. Чызджытæ та Тбилисы цæрынц сæ бинонтимæ. Фæлæ махæн уырдæм цæуын дæр зын у. Хъæуы куы азилат, фылдæр уыл мах хуызæн зæронд адæм фембæлдзысты. Искуыдæм ацæуын нæ куы бахъæуы, уæд хъуамæ такси баххуырсай æмæ мах та пенсийы капеччытæй цæрæм. Хъæбултæ нын æххуыс кæнынц, фæлæ мах нæ фæнды æмæ сæ тыхсын кæнæм», - зæгъы нын Биганашвили Зардо.

Хубашвили Нели æмæ Биганишвили Зардо базонгæ сты Квемо Чъалайы. Хубашвили Нели Пъантъианы сыхаг хъæу Фæзуаты царди. Сæ иумæ бацарды стыр хай бахаста чызджы фыд.

«Иу скъолæйы ахуыр кодтам, фæлæ йæ æз нæ зыдтон, йæхæдæг мæ зыдта. Скъолæйы фæуды фæстæ, æз кусынмæ ацыдтæн Тбилисмæ, уый та, нырма Уæрæсемæ ацыди, стæй та хъæууон хæдзарады райдыдта кусын. Бацамыдтой нæ кæрæдзийæн, афтæ æрцыд нæ иумæ бацард», - мысы Хубашвили Нели.

«Йæ фыд активон дæр уыд ацы хъуыддаджы. Иуыл мын афтæ дзырдта, цæй, мæ чызджы дам мын кæд акæндзынæ бинонтæн. Хорз чызг уыд, нæ цæмæн хъуамæ загътаин», - бирæ азты размæйы уарзондзинады хабар Биганашвили Зардо абон дæр хъæлдзæгæй мысы.


Print