Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг дэ-факто Хуссар Ирыстоны тæрхондоны
скъуыддзагмæ гæсгæ адæймаджы барты хæлдыл нымайы.
Хъуыддаг Гиунашвили Георгийæн рахæсгæ тæрхонмæ хауы, кæцымæ гæсгæ,
Гуырдзыстоны æмбæстагæн 20 азы ахæстоны фæбадын аскъуыддзаг
кодтой.
Медийы рапарахатгонд информацимæ гæсгæйæ, Цхинвалы дэ-факто
тæрхондон 20 азы ахæсты тæрхон рахаста 1978 азы гуырд Гуырдзыстоны
æмбæстагæн Гиунашвили Георгийæн, кæцыйы æппæты фыццаг 2016 азы 8-æм
июны, а.х. «арæныл æнæзакъонæй рахизыны» тыххæй æрцахстой, фæлæ йæ
фæстæдæр та фæаххосджын кодтой «æнæза-къонæй хотыхджын кæныны»,
конкретонæй та йæ Цхинвалы районы Дисеуы хъæуы а.х.
хъихъахъхъæнынады къорды активон хайадисты тыххæй фæкарздæр
кодтой».
«Ацы хъыгаг факт бæлвырд кæны, уый, æмæ бынæттон цæрджытæн, се хсæн
а.х. Хуссар Ирыстонæй ралидзгæ гоймæгтæн дæр сæ бартæ хæлд кæй
цæуынц. Вæййы афтæ æмæ уыдонæн сæ сæрибардзинад æнæзакъонæй цухгонд
цæуы, дыууæрдæм цæуыны сæрибардзинады сæхгæнын æмæ фæстæмæ
æрбаздæхыны бары цухдзинад», - нысангонд цæуы адæмон хъахъхъæнæджы
скъуыддзаджы.
Адæмон хъахъхъæнæг активонæй хайад иста ахæстонты ссæрибар кæныны
процессы мидæг, кæцы 2016 азы мартъийы Тбилисы, Сухумы æмæ Цхинвалы
хсæн диалогы фæстиуæгæн уагъд æрцыд æмæ йæ фарс хæцыд фæрсты ахæм
механизмы саразынæн, кæцы сифтонг кодтаид бынæттон цæрджыты
æдасдзинады. Хъыгаг у, æмæ ацы иттæг ахсджиаг цауы фæстæ фæстæмæ
дарддæр кæны ахстытæ æмæ хъусдард нæ цæуы бынæттон цæрджыты бартæм
æмæ хъæугæдзинæдтæм.
«Конфликтæй зианбаййафæг гоймæгтæн ноджы фылдæр зиан райсынæн
хъуамæ кæрон æрцæуа. Адæмон хъахъхъæнæг басидтис Хуссар Ирыстоны
дэ-факто хицауадмæ, райса ахадгæ мадзæлттæ Гиунашвили Георгийы хæлд
барты сæндидзынæн æмæ йæ цæмæй ссæрибар кæной», - зæгъы адæмон
хъахъхъæнæг.
Адæмон хъахъхъæнæг ма ноджыдæр басидтис Гуырдзыстоны хицауадмæ
спайда кæна йæ къухы уæвгæ алкæцы беркетæй æмбæстагы æнæзакъонон
ахæстæй ссæрибар кæнынæн. Амæй, дарддæр ма, Гуырдзыстоны хицауад
ноджы иу хатт хъуамæ æрæвæра инициативæ Абхазийы æмæ Хуссар
Ирыстоны ахæстоны æнæзакъонæй ахст æмбæстæгты ссæрибар кæныны
нысанæн.