Ног хабæрттæ
Адæмон хъахъхъæнæджы цæстæнгасмæ гæсгæ, дихгæнæг хаххæй ахизыны фæтк ноджы тынгдæр арæхстджын хъуамæ суа
Адæмон хъахъхъæнæджы цæстæнгасмæ гæсгæ, оккупацигонд территорийыл, æнæлегалон æрдæмадтæй бацæуыны фæтк хъуамæ фылдæр арæхстджын суа.

Практикæйы анализæй зыны, æмæ оккупацигонд территорийыл бахизыны фæткы фехалыны рæстæджы, æфхæрд, æрмæстдæр, уыцы чысыл хайæн раттынц, кæцы уый фæстæ Гуырдзыстоны рдыгæй контролгонд территоримæ æрбахизы.

Аимæ ма, ацы арæнгонд парахат кæны æхсæнадæмон организацитыл æмæ уыдоны æмкусджытыл, кæцытæ оккупацигонд территориты цæрджытæн стыр ахсджиаг хъуыддаг аразынц.

Æнæзонгæ адæймаг дихгæнæг хаххæй бахизгæйæ, хъуамæ иваргонд æрцæуа æрмæстдæр административон бæрндзинадæй.

Ай фæдыл абон адæмон хъахъхъæнæг специалон хыгъдлæвæрды бавдисгæйæ æрныхас кодта.
Хыгъдлæвæрд оккупацигонд территорийыл бахизгæйæ, экономикон хъуыддагдзинады, дэ-факто органты рдыгæй лæвæрд документты æмæ адæймаджы барты халыны факттæм хауы.

Адæмон хъахъхъæнæг «оккупацигонд территориты тыххæй» закъоны, практикæйы уæвæг къуылымпыдзинæдтæм каст цæуы, æмæ, сын се скуынæг кæныны фæндæгты дæр амоны.

Адæмон хъахъхъæнæгмæ ма афтæ кæсы, цæмæй Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ ассоци-рдзинады бадзырдимæ æмæ Евроцæдисы уæнг суæвынмæ тырнындзинадмæ гæсгæйæ, хицауад хъуамæ бакуса разæнгардгæнæг барадон æмæ лоджистикон механизмы, се хсæн, хицæнхуыз фиддонты режим æмæ рахицæн кæна финансон ресурс, кæцы фæрæз ратдзæн оккупацигонд территорийыл кусæг бынæттон индивидуалон амалиуæггæнджытæн, микро æмæ чысыл бизнестæн, рауæрæх кæной экономикон æмæ базарадон æмахастытæ дихгæнæг хаххы иннæ фарс архайæг бизнестимæ æмæ амалиуæгтимæ, иумæйагæй экономикон хъуыддагдзинады сæххæст кæныны нысанæй.

Оккупацигонд территориты цæрджытæн, уæлдайдæр та ног фæлтæрæн, æнæлегитимон органты рдыгæй лæвæрд документты йеддæмæ сын æндæр документтæ нæй.

Уый тыххæй, архайгæ закъонмæ гæсгæйæ ахæм документтæ кæй нæй, уыдонæн, Гуырдзыстоны æмбæстондзинады бæлвырдгæнæн документты райсын зындæр у.

«Хицауад хъуамæ бакуса эфективон механизм, цæмæй оккупацигонд территорийыл цæрæг гоймæгтæн æнцонæй сæ бон уа Гуырдзыстоны æмбæстондзинады бæлвырдгæнæн æвдисæндары æмæ юридикон тыхы уæвæг документты райсын, цæмæй уый фæстæ сæ бон уа паддзахады ‘рдыгæй лæвæрд сервизтæй спайда кæнын», - банысан кодта адæмон хъахъхъæнæг.

Print