Ног хабæрттæ
Зертъы ног астæуккаг скъолæ
Гуры муниципалитеты Зертъы хъæуы миназоны расайыны программæйы фæлгæтты ног скъолæ хъуамæ байгом уа.

Бæстыхайы ахуыры процесс райдайæн процессы ис. Ахуырдзаутæ, цалдæр мæйы, сыхаг хъæуы астæуккаг скъолæмæ цыдысты.

Нырма ноджы, 2013 азы 26-æм январы, АИШ-ы миназоны расайыны корпорицийы æмæ Гуырдзыстоны хицауады ‘хсæн къухфыст æрцыд дыккаг компакты бадзырдыл, кæцыйы нысан уыд астæуккаг скъолæты ахуыр¬ы уавæр фæхуыздæр кæнын, инфраструктурæйы реабилитаци, лабораториты сифтонг кæнын, зилын æмæ хъахъхъæныны системæйыл бакусын æмæ æрфидар кæнын.

Дыккаг компакты æнæхъæн бюджет 140 милуан АИШ доллары у.

Проекты фæлгæтты астæуккаг скъолæты ахуыры базæйы æххæст реабилитаци, иумæйаг пайдагæнæны объекты æмæ коммуникациты реконструкци уагъд цæуы.

Фыццаг реабилитацион сезоныл Мцхета-Мтианеты, Шида Картлийы æмæ Самцхе-Джауахеты регионты 30-онг астæуккаг скъолæйы реабилитаци байдыдта.

Фæлæ дыккаг этапыл та, Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр регионты, 100-онг астæуккаг скъолæйы реабилитаци плангонд цæуы.

Фыццаг этапыл Шида Картлийы регионы реабилитаци райдыдта астæуккаг скъолæты: Скърайы, Тхъвиауы, Окъамы, Гуры №5, Тъирдзнисы, Пхвенисы, Хидистауы, Сакашеты, Зертъы æмæ Бебнисы астæуккаг скъолæты, æдыппæтæй ацы дæс скъолæйы ахуыр кæны 2 114 сабийы.

Дыккаг этапмæ хауынц: Хашуры №9, Шиндисы, Хелтубанийы, Гуры №2, Гуры №9, Къехиджуары, Сагъолашены æмæ Къавтисхеуы æстæуккаг скъолæтæ.


Print