Ног хабæрттæ
Æнæххæстаздзыд пациенттæ дихгæнæг хаххыл фæрсдзæуæн фæндæгтæй хизынц
Æнæххæстаздзыд пациенттæ дихгæнæг хаххыл фæрсдзæуæн фæндæгтæй хизынц æмæ уый тыххæй 2-3 боны дихгæнæг хаххы хъæуты баззайынц, цæмæй ахизынæн аккаг рæстæг ссарой.

Ай фæдыл абон Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг ауадзгæ фембæлдыл æрныхас кодта.

Нануашвили Уча, конфликтæй зианбаййафæг регионты цæрæг сылгоймæгты æмæ сабиты барты тыххæй, специалон хыгъдлæвæрд бацæттæ кодта.

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, уæлдæр фæнысангонд æнæххæстаздзыдты æнæниздзинады уавæр бирæ хаттæ фæфыддæр вæййы.

Уымæй дарддæр ма, оккупацигонд территоритыл серьезон проблемæтæ ис рынчындæтты сифтонг кæнын медицинон персоналæй квалификацийы рдыгæй, кæцы фыддæр кæны сабиты æнæниздзинады барты.

Адæмон хъахъхъæнæгæн фæдис у, цæмæй документты нæ уæвынадмæ гæсгæйæ, арæх у æнæххæстаздзыдты æрцыхсыны факттæ, кæцытæ фæрсдзæуæн фæндæгтæй архайынц дихгæнæг хаххыл рахизын.

Адæмон хъахъхъæнæгæн бирæ хæттыты сси зындгонд ахæм цау, æмæ уырыссаг æфсæддон базæтыл сывæллæты æмæ сæ ныййарджыты æрцахсты рæстæджы куыд хæлд цæуы сæ бартæ.

«Хæзчысыл у уыцы æнæхицауадон организациты нымæц, кæцытæ ацы регионты сылгоймæгты æмæ сабиты бартыл кусынц. Не ххæст цæуы уавæры систематикон мониторинг æмæ иртæст», - зæгъы адæмон хъахъхъæнæг.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадты бинонты хсæн тыхмидзинад иуæй-иу уæззау æмæ æмбæхст проблемæтæ æвдисы.

Зæгъæм, бинонты хсæн тыхмидзинады амæттаг милицæйы серьезонæй нæ исынц æмæ сæхи иуварс кæнынц ацы цауы хитъыссынæй.

Конфликтон регионты сабиты барты хъахъхъæнын сæйрагæйдæр бынæттон æмæ æхсæнадæмон организациты ныфсæй баззайгæ сты, уый дæр хæрзчысыл гуырахсты иниациативæты æмвæзадыл.

Print