Ног хабæрттæ
Цхинвалы милицæйы æмкусæг йæ бинойнагæн йæ ныййарджытæм æрбаздæхыны амал нæ дæтты
Адæмон хъахъхъæнæгмæ курдиат бадæтта æмбæстаг, кæцы фыссы, йæ хъæбул Дж. Т. оккупацигонд Хуссар Ирыстоны кæй цæры æмæ йæ мойы рдыгæй æрвылхатт кæй исы физикон æмæ психологон тыхмидзинад, кæцы уымæн йе нæниздзинад фæфыддæр кодта.

Дж. Т.-йы мой у дэ-факто тыхон структурæйы æмкусæг, уый йæ бинойнагæн бар нæ дæтты рахиза дихгæнæг хаххыл æмæ æрбаздæха йæ ныййарджытæм, кæцытæ цæрынц Шида Картлийы.

Сырæзгæ уавæрмæ гæсгæ, уæззау психологон уавæры сты уыдонæн сæ чысыл хъæбултæ дæр (7 æмæ 9 аздзыдтæ).

Адæмон хъахъхъæнæджы аппарат фыстæгæй бадæтта а.х. Хуссар Ирыстоны кусæг æхсæн¬адæмон æмæ æнæхицауадон организацитæм, кæцытæ сбæлвырд кодтой, цæмæй Дж. Т.-йы кæй хъæуы медицинон æмæ психологон æххуыс.

«Фæлæ, уыдоны бацымыдисдзинад ноджы тынгдæр фæуæззаудæр кодта уавæры. Æнæгæсгæйæ уымæ, æмæ хъуыддаджы тыххæй информацигонд у бынæттон дэ-факто полицæ, дэ-факто прокуратурæ æмæ инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл реагир кæныны механизмы фембæлдтыл хайадисæг ирон делегацийы уæнгтæ, фæлæ уыдон æппындæр ныцыхуыз мадзалтæ райстой тыхмигæнæгæй амæттаджы аиуварс кæнынæн æмæ йын аккаг æххуыс бакæнынæн», - нысангонд цæуы адæмон хъахъхъæнæджы раныхасы.

Цхинвалы нæй бинонты тыхмидзинадæй бахъахъхъæныны æмæ уый превенцийы меха-низмтæ. Ам тынг цъус ис бинонты тыхмидзинады фарстæтыл кусæг активистты нымæц.

Адæмон хъахъхъæнæджы курдиатмæ гæсгæ, ма уыдонмæ Ахалгоры цæрджытæй иу цæрæг дæр фехъусын кодта, кæцы бынæттон милицимæ тыхмидзинады факты фæдыл курдиат бадæттын дæр нæ уæнды, уымæн, æмæ йыл милицæйы бахуддзысты æмæ йыл уый фæстæ, гæнæн ис æмæ æнæхъæн Ахалгор худой.

Print