Ног хабæрттæ
Ачабеттаг бирæхъæбулджын бинонтæ цæрынмæ къотеджæй Никозмæ ахызтысты
Никозы хъæуы Гварадзе Кетойы хæдзары цард райсомæй сабиты хъæлæбайæ райдайы.

Хъæбулы хъæбултæ райхъал вæййынц. Уыдонæй иутæ скъолæмæ цæуынмæ сæхи фæцæттæ кæнынц.

Сабиты мад Гварадзе Пелагейæ сабиты рæвдауæндонмæ фæцæуы, хæринаг цæттæгæнæгæй дзы кусы.

Фыд цæхæрадонмæ кусынмæ ацæуы.

Хистæр фырты Цхинвалы æмæ Никозы Эпархийы алчер Исайæ снатлиа кодта. Уый фæрцы йæ духовон семинаримæ Тбилисмæ вокалон къордмæ арвыстой ахуыр кæнынмæ.

Хистæр хъæбулы хъæбул та, Эпархийы уæвæг хуыцаубонон скъолæйы ахуыр кæны. Афтæ ма, Никозы анимацион студийы нывгæнæн дæсныйады ахуырмæ цæуы.

Нана Гварадзе Кето та, уæззау масты ис. Йæ хо Цхинвалы цæры, кæцы рынчын у.

«Тилифонæй дæр нал ныхас кæны мемæ. Æдæппæт дыууæ къахдзæфы дæрддзæф у мæнæй, фæлæ йæ мæ бон бабæрæг кæнын нæу. Куы йæм фæдзурæм тилифонæй, йæ чындз нын сдзуапп кæны. Цыппар-фондз азы размæ йæ Тбилисмæ куыддæртæй æркодтой, Владикавказыл, уый фæстæ йæ нал федтон», - цæстытæ доны зилгæйæ нын дзуры Гварадзе Кето

Мады хойы хабар Гварадзе Пелагейæ интернеты фæрцы йе ‘мхæрæфырттæй базоны.

«Фейсбукыл иу фыссæм ме ‘мхæрæфырттимæ. Фæлæ уый æрвылхатт нæ вæййы. Хъæуы интернеты проблемæ ис», - зæгъы Пелагейæ.






Фотойыл: Гварадзе Кето йæ хоимæ иумæ, кæцы Цхинвалы цæры

Уый Къаралеты лигъдæтты цæрæнуатæй йæ мой æмæ йæ сывæллæтимæ иумæ, йæ мады хæдзармæ ахызти цæрынмæ.

6 хъæбулы ныртæккæ уый Никозы хъæуы, райгуырæн хæдзары хъомыл кæны.

Стыр Леуахигомы Ачабеты хъæу, 2008 азы, августы хæсты рæстæджы ныууагътой.

Уыцы периодмæ сын цыппар хъæбулы уыдис. Лигъдоны рæстæджы ма сын ноджы дыууæ райгуырдис.

«Мæ мой Тедетæй у. Хъæуы кусы, хæдзарадмæ йæ хъус дары. Къотеджы тынг зын уыд иумæ уыййас адæймагæн цæрын. Мæ мадмæ рацыдыстæм цæрынмæ», - зæгъы Гварадзе Пелагейæ.

Уый хъæуы сабидоны кусы хæринаг цæттæгæнæгæй. Гуры муниципалитеты гамгеобайæ алы сабийæн афæдзы мидæг исы 200 ларийы æххуыс.



Print