Гуры муниципалитеты хъæуты, Варианы æмæ Никозы хсæн фæндаджы
фадыгыл æххæст реабилитаци апрелы кæронмæ фæуыдзæн.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн компани «Шарайы» минæвар
Надирадзе Мераб хъусын кæны.
Уый ныхасмæ гæсгæ, нысангонд 5 километрон фадыгыл æрцæудзæн
донлæдæрсæн къанауты арæзтад дæр.
«Ныр тагъд райдайдзыстæм дывæрон асфалт кæнын æмæ куыстытæ апрелы
мæймæ фæуыдзыстæм», - загъта уый.
Фæндæгты куыстытæ автомобилон департаменты фæдзæхстмæ гæсгææххæст
цæуынц. Æдæппæт, 2 милуан ларийы онг бахардз уыдзæн.